Хуссар Ирыстонмæ æрласдзысты генератор 25 мегаваттон

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæэлектрохызæг
электрохызæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газытурбинæйон генератор, кæцы Уæрæсе рахицæн кодта ивгъуыд азы кæрон, ратдзæн фадат Хуссар Ирыстон электроэнергийæ ифтонг кæнын æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта премьер-министр Пухаты Эрикæн бакусын 25 мегаваттон газытурбинæйон генератор æрласын æмæ сæвæрыны фарстыл, кæцы республикæйæн рахицæн кодта Уæрæсе, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Пухаты Эрик фехъусын кодта президентæн, ацы фарсты хицауад æмгуыстад кæй кæны Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадимæ", — банысан кодта Гасситы Дина.

Генератор у æнæмæнгхъæуæг Хуссар Ирыстонæн, куыд энергийы альтернативон ратæдзæн æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæджы. Уый Уæрæсе рахицæн кодта Хуссар Ирыстонæн ивгъуыд азы кæрон, электрохызæгыл æрцæугæ аварийы аххосагæй республикæ æнæхъæн цыппар боны æнæрухсæй куы аззад, уый фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0