Цæгат æмæ Хуссар Иры барадхъахъхъæнджытæ оперативонæй раргом кодтой машинæйы давд

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЗадержание подозреваемого
Задержание подозреваемого - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ баххуыс кодтой РЦИ-Аланийы полицийы кусджытæн фыдракæнд раргом кæнын.

ЦХИНВАЛ, 16 янв— Sputnik. Цхинвалы цæрæг адавта машинæ Алагиры районы æмæ нывæндыд йæхи бааууон кæнын Хуссар Ирыстоны территорийыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Алагиры районы МХМ-ы хайады радгæсон хайадмæ 11 январы фæдзырдта Зæрæмæджы ГЭС-ы кусæг, кæцы фехъусын кодта йæ хæдзары кæртæй кæй адавдæуыд 190 мин сомы аргъ урс автомашинæ "Нива".

Рæстæгмæдарæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æрцахстой нæлгоймаджы, кæцы фæнадта йе 'мкъайы сывæллоны

Машинæйы видеокамерæтæ банысан кодтой Буроны поселочы, полицийы кусджытæ фенхъæлдтой, фыдвæндгæнджытæ кæй бафæлвардзысты сæхи Хуссар Ирыстоны бааууон кæнын. Таможнæ æмæ арæнхъаъхъæнджыты кусджыты руаджы бантыст мæнг номыртимæ машинæйы ахызт дæр æмæ фыдвæндгæнджыты гоймагдзинад дæр сбæлвырд кæнын.

Слестгæнæн органтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй Цхинвалы 27-аздзыд цæрæг, Мызурæй автомашинæ радавыны фæстæ, Дменисы хъæуы цæрæгимæ автомашинæ ВАЗ-21о7 –ыл, рацыд Дæллаг Зæрæмæджы ′рдæм. Фыдвæндгæнджытæ фæивтой машинæйыл паддзахадон номыртæ, цæй руаджы уыдон æнæ цæлхдуртæй ахызтысты арæныл. Ацы этапыл Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæм æрбамбал сты сæ коллегæтæ Хуссар Ирыстонæй, уыдон æмархайды фæрцы автомашинæ ссардæуыд æмæ байст æрцыд. Давыны хъуыддаджы азымгонд Цхинвалы цæрæг ахст æрцыд, ист цæуынц мадзæлттæ йæ æмархайæджы ссарыны фæдыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0