Транскам сæхгæдтой стыр митуарды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трассæйыл фæндагон змæлд у тобæгонд сæрмагонд барамындмæ

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Транскавказы автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ, æхгæд у транспортон змæлдæн стыр митуарды аххосæй, фехъусын кодтой ХИ УУМ пресс-службæйы.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сӕхгӕдтой уӕзласӕн транспортӕн

"Транскам æхгæд у сæрмагонд барамындмæ, трассæйыл фæндагон змæлд у тобæгонд дыууæрдæм дæр сæрмагонд барамындмæ. Йæ аххосаг у æнæрлæугæ митуард æмæ зæйты рацыд", — загътой уагдоны.

Транскавказы магистраль цæуы хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Иры Уæрæсеимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0