Ӕнӕмӕнгхъӕугӕ информаци Хуссар Ирыстоны уазджытӕн

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уазджытӕ ӕмӕ журналисттӕн пайдаджын информаци

Визӕты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбахизыны тыххӕй нӕ хъӕуы визӕ. Фӕлӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ Республикӕйы территоримӕ Уӕрӕсейы территорийы уылты кӕй ӕрбахизынц, уымӕ гӕсгӕ уыдонмӕ хъамӕ уа Уӕрӕсейы Федерацийы бӕлвырд визӕ. Ацы хабар нӕ хауы Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕм ӕмӕ Уӕрӕсейы территоримӕ ӕнӕ визӕйӕ цы ӕртыккаг бӕстӕтӕй ис ӕрбахизӕн, уыдон минӕвӕрттӕм.

Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбахизыны фӕтк

Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбахизын гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы территорийӕ.

Арӕнгӕсуат

Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕм Хуссар Ирыстонмӕ ӕрбацӕуыны тыххӕй хъуамӕ уа УФ-йы ӕмбӕстаджы иумӕйаг граждайнаг паспорт,
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгад кӕмӕн нӕй, уыцы гоймӕгтӕ, журналисттӕй дарддӕр, хъуамӕ ӕртӕ бон раздӕр фӕхъусын кӕной РХИ-йы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ, Республикӕйы территоримӕ сӕ ӕрбахизын кӕй фӕнды,уый тыххӕй, цӕмӕй сын бар радтой ӕрбацӕуынӕн.

Журналистты аккредитаци

Журналисттӕн аккредитаци лӕвӕрдӕуы Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты. Куырдиат хъӕуы арвитын Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕуӕг Гобозты Вячеславы номыл масон информацийы официалон бланкыл. Уым хъуамӕ бацамоной:
— мыггаг, ном, фыдыном (уырыссаг ӕмӕ латинаг транскрипцийы);
— куысты бынат;
— паспорты сери ӕмӕ номыр;
— райгуырды датӕ (бон, мӕй, аз);
— райгуырды бынат;
— Урӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады аккредитацийы къопи (фӕсарӕйнаг журналисттӕн);
— ӕмбӕстагад;
— паспорты архайды ӕмгъуыды фӕуды датӕ (фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн);
— контактнон телефонтӕ, электронон адрес.
— Хуссар Ирыстоны территорийыл кусыны ӕнхъӕлгӕ рӕстӕг

Куырдиатыл хъуамӕ уа массон информацийы фӕрӕзы сӕргълӕууӕг кӕнӕ та йӕ хӕдивӕджы къухфыст. Йе 'ркасты рӕстӕг — ӕртӕ боны. Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг куы уа, уӕд та иу бон. Аккредитацийы тыххӕй куырдиӕттӕ исынц ахӕм E-mail: resagency@hotmail.com.
Контактон телефон: +7 (9974) 45-50-52

Фӕсарӕйнаг массон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ бӕлвырд информаци райсыны тыххӕй дзурӕт РХИ-йы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ ахӕм телефоны номыртыл: 8-(9974)-45-22-43

Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварад Хуссар Ирыстоны

Адрес: 100001, с. Цхинвал, Цоцийы фырты уынг, хӕдзар 2
e-mail: rusembrso@yandex.ru
Тел: +7 (9974) 453960
Факс: +7 (9974) 456863

Республикӕ Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы Федерацийы

Адрес: 119034, Мӕскуы, Курсоваг фӕрсуынг, хӕдзар 9.
e-mail: info@osembassy.ru
тел: +7 (495) 644-27-57
факс: +7 (495) 644-27-58

Куыд фыстӕуы фыстӕджытӕ Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейӕ?

100001, РХИ, с. Цхинвал, уынг…

Цхинвалы уазӕгдӕттӕ

Уазӕгдон "Алан", уынг Хъайтарты, 1. Тел:
Уазӕгдон "Ирыстон", уынг Сталины, 23. Тел:

Экстренон номыртӕ

112 — РХИ-йы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад
101 — Сыгъдхуыссынгӕнӕн службӕ
102 — Милицӕ
103 — Тагъд ӕххуыс
104 — Газы аварион службӕ

Ног хабӕртты лентӕ
0