Спорт Хуссар Ирыстоны

Рафыссын
Фæстаг æзты хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн æдзæллаг уаврмæ æрцæуæг спортивон сферæ цадæггай райдыдта йæ къахыл лæууын. Sputnik ног инфографикæ æвдисы, абоны бон цал спортивон объекты кусы нæ республикæйы, тренерты æмæ спортмæ цал сывæллоны цæуы, уыдон нымæц.

Советон рæстæджы Хуссар Ирыстон хъæздыг уыд йæ спортивон традицитæй. Ардыгæй ацæугæ сты бирæ зындгонд богалтæ, штангисттæ, футболисттæ, кæцытæм сæхи барстой фæсивæд. Скъоладзаутæн сæ фылдæр цыдысты алыгъуызон спортивон секцитæм. Уымæ гæсгæ, æвзонг фæлтæр хъомыл кодта æнæнизæй, спорт хъахъхъæдта сывæллæтты сæфты фæндагæй.

90-æм æзты хæст æмæ экономикон змæст фехæлдтой ацы традицитæ. Нæ уыд фæрæзтæ спортивон объекттæ дарынæн.

Уавæр райдыдта ивын 2008 азы, республикæйы хæдбардзинад банымайыны фæстæ. Гом цæуынц ног секцитæ. Сывæллæттæн ис равзарыны фадат спорты бирæнымæц хуызтæй. Æмæ кæд спортивон объекттæ æмæ федерацитæн сæ фылдæр домынц материалон æххуыс, уæддæр уавæр ахæм катастрофон нал у, куыд æфсæддон агресси æмæ экономикон блокадæйы рæстæджы.
Sputnik ног инфографикæ æвдисы, абоны бон цал спортивон объекты кусы нæ республикæйы, тренерты æмæ спортмæ цал сывæллоны цæуы, уыдон нымæц.

Ног хабӕртты лентӕ
0