Уӕрӕсейы иууыл хӕлардӕр университеттӕ

Рафыссын
Проект цӕуы реализаци МИА "Россия сегодня"-йы социалон навигаторы ӕмӕ Ӕхсӕнадӕмон агентад Спутникы тыхтӕй Россотрудничесствойы ӕххуысӕй.

Ӕдӕппӕт навигаторы финалон версимӕ бацыдысты 207 уӕлдӕр ахуырадон уагдоны, кӕцыты ахуыр кӕныц фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты иууыл фылдӕр нымӕц (Ахуырады къабазы ӕмгуыстады фӕдыл агентад http://rs.gov.ru/ зонӕнтӕм гӕсгӕ).

Сӕйраджыдӕр, потенциалон абитуриенттӕн ис фадат базонын информаци уӕлдӕр ахуырадон уагдоны тыххӕй, йӕ ахуырадон ӕмӕ зонадон здӕхты тыххӕй, йӕ хайадисты тыххӕй ӕхсӕнадӕмон рейтингты, ахуыры ӕмӕ ахуыримӕ баст хӕрдзты аргъ (цӕрӕнбынат, хӕрд, страховкӕ, литературӕ), ӕмдзӕрӕндонтӕ йын ис ӕви нӕ, уырыссаг ӕвзагты курсты тыххӕй, англисаг ӕвзагыл ахуырадон программӕты тыххӕй, цӕттӕдзинады здӕхтытӕ уырыссаг ӕвзагыл, ахуыры хуызтӕ, фӕсарӕйнаг студентты нымӕц, документтӕ бадӕттыны ӕмгъуыд, спортивон инфраструктурӕ (бассейн ӕмӕ спорткомплексы уӕвынад).

Ног хабӕртты лентӕ
0