Тедеты Таня - хуссарирыстойнаг Тина Тернер

© Sputnik / Фатима ПлиеваТаня Тедеты
Таня Тедеты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг, ХИПУ ӕмӕ Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны студенткӕ Тедеты Татьяна кӕд нырма бынтон ӕвзонг у, уӕддӕр ныридӕгӕн схызт аивады уӕлейау къӕпхӕнмӕ. Диссаджы хъӕлӕс ӕмӕ ӕнахуыр æддагбакасты фӕрцы бонӕй бон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны йе сфӕлдыстадӕн табугӕнджыты нымӕц.

Цхинвалы стӕм концерт ацӕуы ӕнӕ Таняйӕ, арӕх ма хайад райсы ӕндӕр бӕстӕты конкурстӕ ӕмӕ фестивальты. Ныр дӕр та йӕ фӕхуыдтой фестиваль "Звезда маэстро"-мӕ, кӕцы уагъд цӕуы Дзӕуджыхъӕуы, зындгонд зарӕггӕнӕг Бирӕгъты Маргаритайы хъӕппӕрисӕй. Йӕ дарддӕры сфӕлдыстадон пълӕнтты тыххӕй зарӕггӕнӕг радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik.

— Куыд рауад афтӕ, ӕмӕ аивады ӕппӕт къабӕзтӕй равзӕрстай музыкӕ?

— Ӕнӕ аивад мӕ бон цӕрын нӕу. Чысылӕй фӕстӕмӕ мӕ йӕхимӕ ӕлвӕста сценӕ. Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы ахуыргӕнгӕйӕ кафыдтӕн скъолайы ансамбль "Скиф"-ы сконды. Ам иузӕрдионӕй бауарзтон ирон кафт, коллективимӕ концерттӕ хастам дунейы бирӕ горӕттӕм.11-къласмӕ куы ахызтӕн, уӕд мӕ къӕхты æрхæджытæ риссын райдытой. Ирон кафты фылдӕр бӕрцӕй хъуамӕ къахфындзтыл лӕууай, мӕнӕн та уый мӕ бон нал уыд ӕмӕ мӕ бахъуыд мӕ кафт ныууадзын. Фӕстаг къласы куы уыдтӕн, уӕд мӕ мӕ мад акодта паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концертмӕ, ныр дӕр мӕ зӕрдыл лӕууы, мӕ кӕуын нӕ урӕдтон, куы бамбӕрстон, кафыны фадат мын кӕй нал ис, уӕд.

© Из домашнего архива Тани ТедеевойТаня ма зарынӕй дарддӕр уарзы кафын дӕр
Таня Тедеева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таня ма зарынӕй дарддӕр уарзы кафын дӕр

 —   Хъуыды ма кӕныс сценӕмӕ дӕ фыццаг рахызт?

— Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд нӕм бакодтой вокалы хайад, уырдӕм бацыдтӕн ӕз дӕр. Ам фыццаг хатт рахызтӕн сценӕмӕ, сӕххӕст кодтон Катя Рябовайы зарӕг "Маленький принц". Мӕ ахуыргӕнджытӕ мӕ тынг райгондӕй баззадысты. Хорз ӕй хъуыды кӕнын, куыд тыхстӕн. Фӕлӕ стыр сценӕмӕ мӕ фыццаг рахызт бынтондӕр нӕ бахъуыды кодтон. Тынг арӕх хайад райсын хӕрзаудӕн концертты. Мӕ бон куы уа баххуыс кӕнын, уӕд алыхатт дӕр ӕххуыс кӕндзӕн адӕмӕн.

Скъолайы фӕстӕ мӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, мӕ къах нӕ ахаста Ирыстонӕй. Фидарӕй уыдтӕн дыууӕ хъуыддагыл хӕст — Ирыстоны баззайын ӕмӕ аивадӕй ма фӕиппӕрд уон. Бацыдтӕн Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндоны эстрадон-джазон хайадмӕ ӕмӕ ХИПУ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты факультетмӕ. Иууыл зындӕр мын вӕййы мӕ ахуыргӕнджыты раз зарын, тӕрсын байдайын, сӕ зӕрдӕмӕ куыннӕ фӕцӕуа мӕ зард.

— Таня, ды арӕх райсыс хайад алыгъуызон музыкалон конкурсты. Кӕцы дын дзы уыд иууыл ахсджиагдӕр ӕмӕ зӕрдылдаргӕдӕр?

— 2015 азы уыдтӕн Хъырымы фӕсивӕдон форум "Таврида"-йы. Ирыстонӕй дзы ӕз уыдтӕн иунӕгӕй, концерт дӕр бакодтон ӕз. Ныр дӕр йӕ хъуыды кӕнын, ӕппӕт форумы фӕсивӕд лидзын райдыдтой мӕ зардмӕ, ирон тырысатӕ ӕрттывтой алырдыгӕй. Сӕххӕст кодтон зарӕг "Мерси" ӕмӕ дзы кӕд ницы уӕлахиз райстон, уӕддӕр мын дзы уыйбӕрц ӕвӕрццаг ӕнкъарӕнтӕ баззад, ӕмӕ йӕ абон дӕр нымайын мӕ иууыл ӕнтыстджындӕр ралӕудыл. Тынг уыд!

© Из домашнего архива Тани ТедеевойЦхинвалы стӕм концерт ацӕуы ӕнӕ Таняйӕ, арӕх ма хайад райсы ӕндӕр бӕстӕты конкурстӕ ӕмӕ фестивальты
Таня Тедеева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы стӕм концерт ацӕуы ӕнӕ Таняйӕ, арӕх ма хайад райсы ӕндӕр бӕстӕты конкурстӕ ӕмӕ фестивальты

 

— Кӕцы ирон ӕмӕ фӕсарӕйнаг зарӕггӕнджытӕ дын сты дӕнцӕг? Кӕй сфӕлдыстадӕн сӕ аргъ кӕныс аннӕтӕй фылдӕр?

— Ирон зарӕггӕнджытӕй тынг мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Бекъойты Ванойы ӕмӕ Харебаты Вадимы зард, Саппиаты Зӕлинӕйы зарджытӕй кӕцыдӕртӕ. Тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ у чысыл чызджыты коллектив "Булӕмӕргъ"-ы зард дӕр. Дзӕуджыхъӕуккаг зарӕггӕнӕг Тайсаты Олегы хъӕлӕс мӕм ахӕм рӕсугъд кӕсы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

Дунейы музыканттӕй алкӕмӕ дӕр мӕ бон у хъусын райсомӕй изӕрмӕ, ӕрмӕст мӕ удхӕссӕг у уӕззау рок. Ӕппынӕдзух хъусын Кристина Агилера, Элла Фицджеральд, Бейонсе, Рианна, Полина Гагарина ӕмӕ ӕндӕртӕм.

— Кафынӕй райдыдтай, зардӕй адарддӕр кодтай де ‘сфӕлдыстадон фӕндаг. Аивады цавӕр здӕхӕны ма бафӕлварис дӕхи?

— Ныв дӕр чысылтӕ кӕнын, фӕлӕ мӕхи зӕрдӕмӕ уадиссаг нӕ цӕуынц. Ме ‘мгӕрттӕ ӕмӕ ӕмкъурсонтӕ мын феппӕлынц мӕ нывтӕй, ӕмӕ та ӕз дӕр бахъулон кӕнын цыдӕртӕ, фӕлӕ мӕнмӕ гӕсгӕ, уыдон ахӕмӕй ницы сты. Фӕлӕ та мӕ чизоны фидӕны искӕцы здӕхӕн йӕ фӕдыл асайа. Нӕ фӕразын, куы ницы аразын, университеты дӕр активонӕй архайын Студсоветы. Тынг "рынчын" дӕн нырыккон кӕфтытӕй дӕр.

© Sputnik / Ада БагианДиссаджы хъӕлӕс ӕмӕ ӕнахуыр æддагбакасты фӕрцы бонӕй бон фылдӕрӕй –фылдӕр кӕны йе ‘сфӕлдыстадӕн табугӕнджыты нымӕц
Посвящение в студенты ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Диссаджы хъӕлӕс ӕмӕ ӕнахуыр æддагбакасты фӕрцы бонӕй бон фылдӕрӕй –фылдӕр кӕны йе ‘сфӕлдыстадӕн табугӕнджыты нымӕц

— Ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг зарӕггӕнджыты арӕх фӕбарынц фӕсарӕйнагтимӕ сӕ хъӕлӕсты ӕмӕ ӕддаг бакасты ӕнгӕсдзинадмӕ гӕсгӕ. Дӕу та фӕсарӕйнаг зарӕггӕнджытӕй кӕй хуызӕн фӕхонынц?

— О, мӕнӕн тынг бирӕ нӕмттӕ ис! Хонынц мӕ Тина Тернер, Бейонсе ӕмӕ ӕндӕрты хуызӕн. Уымӕй дарддӕр ма мыл алчидӕр авӕры йӕхирдыгон ном — "кучеряшка", "пыхшыл", "цъылын" ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕз дзы никӕмӕ хъыг кӕнын, худӕгау мӕм фӕкӕсы. Дзӕуджыхъӕуы уымӕл уӕлдӕф кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уым мӕ сӕры хъуынтӕ бынтон ныкъкъӕбӕлдзыг вӕййынц (ӕнӕуый дӕр сӕм зӕрдӕ не ‘хсайы). Иу хатт, мӕ дзыкку ма даргъ уыд, афтӕмӕй иу ӕнӕзонгӕ лӕппуйыл сӕмбӕлдтӕн Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй сӕ иуыл. Уый мӕм лыстӕг ӕркаст, мӕ "пыхшыл прическӕ" ӕвӕццӕгӕн йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ мын афтӕ: "Ацы чызг, карнавалӕй раирвӕзтӕ?".

— Ӕввахс рӕстӕгмӕ цавӕр сфӕлдыстадон нывӕзт сарӕзтай дӕхицӕн?

— Уӕлдӕр цы конкурс "Звезда маэстро"-йы кой кодтон, уым уал райсдзынӕн хайад, ам дӕр та азардзынӕн "Мерси". Канд конкурсон программӕйӕ дарддӕр ма дзы уыдзӕн мастер-къластӕ дӕр. Кӕд ӕнтыстджын разынон, уӕд дарддӕр бакусдзысты мемӕ. Уый уал ӕввахс рӕстӕджыты, дарддӕр ӕй рӕстӕг фенын кӕндзӕн. Ныр та тынг тыхсын, мӕ ахуыртӕ куы фӕуон, уыд цы кусдзынӕн дарддӕр, ууыл. Фӕнды мӕ ӕрмӕстдӕр аивады фадыджы архайын.

Ног хабӕртты лентӕ
0