ПÆК-ы сæргълæууæг: Инвестпрограммæйы давджытимæ уыдзæн конкретон ныхас

© Пресс-служба президента РЮОРХИ Паддзахадон æдасдзинады сæргълæууæг Виктор Шаргаев
РХИ Паддзахадон æдасдзинады сæргълæууæг Виктор Шаргаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ Паддзахадон æдасдзинады сæргълæууæг Виктор Шаргаев радзырдта Sputnik, ведомствӕ куыд тох кæны терроризм, шпионаж æмæ Инвестпрогаммæйы фæрæрæзтæ давынимæ.

— Ацы аз марты Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ фехъусын кодтой, республикæйы кæй фæкарздæр террористон тасы æмвæзад. Абоны бон уавæр куыд у?

— Хуссар Ирыстоны абон террористон тас нæй. Уыцы рæстæджы мах райстам оперативон бæрæггæнæнтæ, Гуырдзыстон кæй цæттæ кæны провокацион архæйдтытæ. Европæйаг цæстдарджыты руаджы фæдзæхст æрцыдысты нæ хуссайраг сыхæгтæ, кæцытæ ацы информацимæ аздӕхтой лæмбынæг хъусдард. Нæ уæрæсейаг партнертимæ мах фæтыхджындæр кодтам æдасдзинады мадзæлттæ арæныл, Комитеты хисæрмагонд сконд та хастой службæйы фæтыхджындæргонд режим. Хъуыддаг ууыл ахицæн. Мæ нымадмæ гæсгæ, Гуырдзыстонæн нырыккон уавæрты ницы пайда ис йæ территорийæ провокацитæ аразыны.

Мах тынг лæмбынæг кусæм ацы здæхты. Ис нæм дæлхайад "Терроризмы ныхмæ тох æмæ конституцион уагæвæрды хъахъхъæд". Хорз кусæм æви æвзæр — зын зæгъæн у. Сæрмагонд службæты профессионалондзинад бæрзонд æмвæзадыл цы бæстæты у — Францы æмæ Бельгийы территорийыл æрцæугæ цаутæ дзурæг сты ууыл, æмæ терроризм тасы кæй æппары æнæхъæн дуне æмæ ацы фыдбылызимæ тох кæнын хъæуы æмткæй.

— ПÆК-æн бантыст сбæлвырд кæнын адæмы, кæцытæ социалон хызæгты парахат кодтой информаци, ома террористтæ æмбырд кæнынц информаци цхинвайлаг скъолаты тыххæй?

— Бакодтам тынг бæстон куыст, æрбангом кодтам уæрæсейаг партнерты дæр. Раргом кодтам иу æрыгон адæймаджы, кæцы ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕй иуы, кæцы социалон хызæджы ссардта, йæ ныхæстæм гæсгæ, дызæрдыггаг информаци æмæ йæ апарахат кодта йе ‘мбæлтты æхсæн. Афтæмæй дам-думтæ æрхæццæ сты Цхинвалы онг. Иуæй æхсызгон уыд, лæппу ахæм цырддзастдзинад кæй равдыста. Фæлæ ахæм информаци æмбæлтты æхсæн парахат кæнын нæ хъæуы, фæлæ фехъусын кæнын компетентон органтæн.

— Хуссар Ирыстон ивгъуыд мæй баивта цалдæр Гуырдзыстоны æмбæстаджы не ‘мзæххон лæппутыл, кæцытæ бадтысты гуырдзыстойнаг ахæстæтты. Цы æмбæстæгтæ радтам, уыдоны æхсæн уыд ахæмтæ, кæцытæм зæрдæ æхсайдта шпионажы фæдыл. Зæгъæн ис æмæ уыдон Хуссар Ирыстоны территорийыл сбæлвырд кæнынимæ кæрон сӕвӕрдӕуыд шпионаг архайдæн?

— Нæй, афтæ зæгъæн нæй. Мах сарæзтам баивд. Гуырдзыстоны та бирæтæ нымайынц, арæзт кæй æрцыд фыццаг къахдзæф Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ æрнывыл кæныны здæхты. Фæлæ уый уыд хуымæтæг баивд, киноты куыд вæййы — иу шпионы куы баивынц æндæрыл.

Сæрмагонд службæтæ сты паддзахады националон æдасдзинады системæйы æнæфæцудгæ хай. Хуссар Ирыстон ис куыд нæ "хуссайраг " сыхæгты, афтæ се ‘мцæдисонты æмæ партнерты интересты сферæйы. Комитеты хæс у саразын фидар контрбасгæрстон барьер, кæцы бахъахъхъæндзæн паддзахады интересты æдасдзинад æддагон æртхъирæнтæй æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты та сæрмагонд службæты агрессивон архæйдтытæй сæ гоймагдзинады ныхмæ.

Æрæджы нæ ведомствӕ раразмæ кодта хъæппæрис, цæмæй ист æрцæуа закон, кæцымæ гæсгæ, фæсарæйнаг паддзахæдты сæрмагонд службæтимæ, басгæрстон æмæ æдасдзинады органтимæ æмгуыстад кæныны тыххæй æвæрд цæуа уголовон бæрндзинад. Ацы закон никуыд бандавдзæн РХИ намысджын цæрджытыл. Æмæ ныры этапыл ацы законы райст мæты кæй æфтауы, уый та дзурæг у ууыл, æмæ сын кæй ис проблемæтæ законимæ.

Ныртæккæ законы проект ис республикæйы парламенты æркасты бын.

Шпионаж æмæ паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны тыххæй мах арæх нæ хæссæм тæрхон. Ныры законмæ гæсгæ, ацы аз мах радтам æхсæз фæдзæхсты паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны æууæлтæм гæсгæ. Нæ службæйæн приоритетон у фыдракæнд рагфæдзæхст бакæнын.

— Журналистты æхсæн апарахат информаци, зæгъгæ, Комитет æвзары уголовон хъуыддаг Инвестпрограммæйæ фæрæзтæ адавыны тыххæй. Нæ республикæйы коррупци йæхи куыд æргом кæны? Комитеты бакуысты ис экономикон фыдракæндты фæдыл уголовон хъуыддæгтæ?

— Экономикæйы сферæйы иууыл нæргæдæр фыдракæндтыл компетентон органтæ хъуамæ уынаффæ кæной тæрходоны скъуыддзагы фæстæ. Ууыл рæстæгæй раздæр дзурæн нæй тактикон æмбарынадмæ гæсгæ.

Паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид ПÆК-ы раз æрæвæрдта нысан, цæмæй Инвестпрограммæйы реализаци цæуа оперативон хъусдарды бын. Республикæмæ цæуы финансон фæрæзты егъау бæрц. Æмæ бирæ æхца кæм ис, уым разыны ахæмтæ, йæхи пайдайæн дзы чи бааууон кæны. Хъыгагæн, банысан кæнын хъæуы, нæ республикæйы дӕр дзы кæй разыны ахæмтæ. Мах кусæм ацы здæхты æмæ дзы ис фæстиуджытæ. Бирæтæ уымæй аразынц политикæ. Фæлæ уын дзырд дæттын, махæн уыдон кæй сты баналон уголовон фыдракæндтæ. Мах никæй бауаддзыстæм хæствæллад адæмы трагедийыл йæхицæн мулк скæнын. Уымæ гæсгæ, семæ уыдзæн конкретон ныхас — адавтой, уæд сæ хъуамæ фæстæмæ æрбахæссой.

Ног хабӕртты лентӕ
0