Къалаты Нариман: хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауын ӕвӕццӕгӕн ирӕттӕн сӕ туджы ис

© FacebookНариман Калаев
Нариман Калаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауын ис ирӕттӕн сӕ туджы, уымӕн ӕмӕ рагӕй фӕстӕмӕ сӕ архайды сӕйраг хуыз уыд хъӕдӕрмӕгимӕ куыст, нымайы Къалаты Нариман.

Къалаты Нариман, хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауын ӕмӕ ӕрдынӕй ӕхсыны кружокты къухдариуӕггӕнӕг, радзырдта Sputnik ацы здӕхтыты тыххӕй, кӕцытӕн фӕстаг рӕстӕджы рӕзы сӕ популярондзинад Хуссар Ирыстоны.

 — Цӕмӕн равзӕрстай хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауыны куыст?

— Чысылӕй фӕстӕмӕ мӕ хъус дардтон ацы дӕсниадмӕ, кастӕн, нӕ республикӕйы иннӕ дӕснытӕ ацы куыст куыд кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауын ис ирӕттӕн сӕ туджы, уымӕн ӕмӕ рагӕй фӕстӕмӕ архайды сӕйраг хуыз уыд хъӕдӕрмӕгимӕ куыст.

— Чи Дӕ ахуыр кодта хъӕдӕрмӕгимӕ аив кусын?

— Хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауыны хъуыддагимӕ мӕ фыццаг базонгӕ кодта алкӕмӕндӕр зындгонд Бестауты Бала. Алчи нӕ зоны, фӕлӕ уый у Ирыстоны иууыл зындгонддӕр дӕсны ӕмӕ нывгӕнӕг. Уый мӕнӕн бирӕ радта ӕмӕ йын уыд стыр ӕндӕвдад ме ′сфӕлдыстадыл.

— Дӕуӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ис ӕндӕвдад сфӕлдыстадыл… Куыд активонӕй цӕуынц сывӕллӕтӕ кружокмӕ?

— Бирӕ сывӕллӕттӕ нӕм цӕуынц сӕхи фӕлварынмӕ аивады ацы хуызы. Чидӕртӕ нӕм фӕфӕстиат вӕййынц, бирӕтӕ ацӕуынц. Ис нӕм чызджытӕ дӕр. Сывӕллӕттӕн цымыдисаг у сӕхи къухтӕй исты аразын. Уый фӕстӕ сӕ сӕ ныййарджытӕн ӕмӕ ӕмгӕрттӕн ′вдисын. Хуыцауӕн бузныг, цӕмӕдӕрты сын тырнындзинад кӕй ис.

— Цал сывӕллоны Дӕм ис ныртӕккӕ кружокы?

— Азы райдианы ӕрбацӕуы 20 сывӕллонмӕ ӕввахс. Азы кӕронмӕ сӕ нымӕц фӕивы. Фӕлӕ уӕддӕр 10 адӕймагӕй къаддӕрӕй нӕ баззайынц. Кусӕм цыппар къордӕй — фӕйнӕ фондз адӕймаг къорды.

Ӕрмдӕсны Дженни: дыккаг хатт куы райгуырин, уӕддӕр равзарин хъӕдӕрмӕджы куыст

Куыст цӕуы индивидуалонӕй, уымӕн ӕмӕ алкӕцы сывӕллоны дӕр хъӕуы хицӕн хъусдард. Ахуыртӕ цӕуынц сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны сентябрӕй июнмӕ. Махмӕ ис абоны онг иууыл ифтонгдӕр ӕрмадз. Ӕрмӕгӕй ницы хъуагдзинад ӕййафӕм. Галуаны директор Джиоты Аряна, куыд иннӕ студитӕн, афтӕ махӕн дӕр аразы нӕ къух кӕдфӕнды дӕр. Ӕппӕлой ныхас мын ма рацӕуӕд, фӕлӕ нӕ директоры фӕрцы нӕ студийы хуызӕн Цӕгат Иры дӕр нӕй. Стырдӕр профессионалон ӕнтыстыты тыххӕй та хъӕуы ӕндӕр ифтонггарз.

— Хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауын ӕрмӕст сывӕллӕттӕн ис фадат, ӕви хистӕр кары адӕмӕн дӕр?

— Хистӕр кары адӕм дӕр нӕм ӕрбацӕуынц. Кӕмӕндӕр ныхасӕй феххуыс кӕнын, кӕмӕн цалдӕр урок раттын — нырма алчидӕр райгондӕй ацӕуы.

— Хъӕдӕрмӕгыл нывӕфтауынӕй дарддӕр ма Ды амоныс ӕрдынӕй ӕхсын. Уый ирӕтты националон традицитӕ сӕндидзӕн кӕныны нысан у?

— Ӕрдынӕй ӕхсыныл ӕз фӕхӕст дӕн цалдӕр азы размӕ. Цымыдисаг хъуыддаг райрӕзт сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны бындурыл кружокмӕ. Ӕрдынӕй ӕхсын дих цӕуы дыууӕ хуызыл — спортивон, кӕцыйӕ ныртӕккӕ ерыс кӕнынц Риойы Олимпиадӕйы, ӕмӕ националон ӕрдынӕй ӕхсын — традицитӕ ӕмӕ историйы бындур. Ацы хуызӕн ис йӕхи турниртӕ, кӕцытӕ уагъд цӕуынц фӕсарӕнты, уӕлдайдӕр та арабаг бӕстӕты. Ӕввахс рӕстӕджы уагъд цӕудзӕн фестиваль этникон музыкӕ ӕмӕ нывӕфтауӕн аивадӕй, цы ран уыдзысты ерыстӕ ӕрдынӕй ӕхсынӕй.

— Кӕм дын вӕййынц ӕрдын ӕмӕ фаттӕ?

— Ӕрдынтӕ ӕлхӕнгӕ кӕнӕм, фаттӕ та мӕхӕдӕг аразын. Ӕрдынтӕ аразын тынг вазыгджын процесс у, ӕмӕ йӕ хъӕуы зынаргъ ифтонггарз. Ӕрдынтӕй пайдагӕнӕн ис бирӕ рӕстӕг, фаттӕ та тагъд цъӕл кӕнынц. Балхӕнӕм ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕг ӕмӕ сӕ мӕхӕдӕг саразын. Фаттӕ хицӕн кӕнынц, цы ӕрмӕгӕй арӕзт цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ — уӕззау ӕмӕ рог, даргъдӕр кӕнӕ цыбырдӕр. Куыд нӕ фыдӕлтӕ, афтӕ мах дӕр пайда кӕнӕм хъӕдӕй фаттӕй. Хуссар Ирыстонӕй ӕрдынӕй ӕхсӕгтӕ ӕртӕ азы размӕ бирӕ дӕсгай ӕзты дӕргъы фыццаг хатт ныххастой ӕрдынтӕ ӕмӕ фаттӕ Рекомы дзуармӕ, цы ран ардӕм ӕрбацӕуӕг адӕмӕн ӕвдыстой сӕ арӕхстдзинад.

— Рекоммӕ ӕрбацӕуӕг адӕммӕ сӕвзӕрд цымыдис?

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Ацы аз дӕр та ахастам ӕрдынтӕ ӕмӕ фаттӕ, радтам мастер-класстӕ. Адӕм фӕлварынц, ӕнтыстытӕ дӕр сын ис. Сӕйраджыдӕр цымыдис ӕвзӕры фӕсивӕдмӕ.

— Цы ма Дӕ фӕнды сӕндидзӕн кӕнын?

— Хорз уаид сӕндидзын кӕнын националон хъӕзтытӕ ӕмӕ арц ӕппарын. Иунӕгӕй мын зын у кружоктӕ иууылдӕр уадзын. Ныфс мӕ ис, кӕй разындзӕн адӕм, чи мын баххуыс кӕна. Ис проект Фӕсивӕдон хъуыддӕгты комитеты цур секци саразын. Ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуынц финансон фарстытӕ. Кӕд нын алцыдӕр бантыса, уӕд балхӕндзыстӕм ифтонггарз уӕлдӕр ӕмвӕзадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0