Алексей Востриков: Ми-24 фехста гуырдзиаг танк ӕмӕ ӕвиппайды уавӕр фӕсабыр

© Sputnik / Сергей Титов /  Ахизын медиабанкмæЭвакуация беженцев из сельских районов Южной Осетии
Эвакуация беженцев из сельских районов Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
90-ӕм азты райдианы Хуссар Ирыстоны уӕвӕг вертолетон полчы командӕгӕнӕг Алексей Востриков радзырдта, куыд фӕлвӕрдта гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы ирон адӕмӕн баххуыс кӕнын.

Хуссар Ирыстоны хорз хъуыды кӕнынц Алексей Востриковы — вертолетон полкы командӕгӕнӕджы, кӕцы 80-ӕм ӕзты кӕронӕй суанг 1992 азы онг уыд цхинвайлӕгты фарсмӕ, уый размӕ та хӕцыд Афганистаны. Sputnik интервьюйы Востриков радзырдта, куыд бахауд Хуссар Ирыстонмӕ, цы бавзӕрста йӕ адӕмимӕ, загъта ма, фарон, РХИ-ы 25 азы куыд банысан кодтой, уымӕй куыд уӕззау фӕд баззад йӕ зӕрдӕйы.

— Алексей Никитайы фырт, радзур ма нын, куыд бахаудтӕ Хуссар Ирыстонмӕ?

— 1990 азы уыдтӕн полкы штабы сӕргълӕууӕг Фӕсбайкалы, ӕмӕ мын бахастой ӕнхъарӕн Хуссар Ирыстоны уӕвӕг полкы командиры бынатмӕ ахизын. Сразы дӕн, ӕрцыдтӕн. Мӕ къухдариуӕгады бынмӕ райстон 292 хицӕн вертолетон полк, кӕцы раздӕр архайдта Афганистаны.

Уый уыд 1990 азы июлы райдиан.

— Хуссар Ирыстонмӕ куы ӕрцыдтӕ, уӕдмӕ ам уавӕр уыд ӕндыгъд. Цы цӕстӕй кастыстут Ды ӕмӕ Дӕ дӕлбар кусджытӕ ацы цаутӕм?

— Горӕт уыд дыууӕ дихы баррикадӕтӕй — уый Цхинвалмӕ афтӕ хуыйнӕг "гуырдзиаг милици" куы ӕрбакодтой, уӕд. Мах дӕр ӕфсӕддон дӕлхайадмӕ цыдыстӕм ацы баррикадӕты уылты. Стӕй сӕ акодтой ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уавӕр фӕрогдӕр.

— Исты конкретон бардзырд, инструкци уын уыд, куыд ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕн, уӕхи ахӕм уавӕрты куыд дарат?

— Уыд мын комкоммӕ бардзырд: "мацы хъуыддаджы хизын, куыд сӕ фӕнды, афтӕ сӕхӕдӕг равзарӕд сӕ хъуыддаг".

— Бантыст уын ацы бардзырд ӕххӕст кӕнын?

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы бардзырд не ′ххӕст кодтон, уый тыххӕй арӕх истон уайдзӕфтӕ. Кӕд ницы ӕргом ӕфсӕддон архӕйдтытӕ уагътон, уӕддӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгты "мӕ фындз тъыстон".

Рох хъайтар

Бахъуыды кодтон иу цымыдисаг хъуыддаг, хабӕрттӕ арф куы бацыдысты. Дӕлхайады хъахъхъӕныны нысанӕн нын рахицӕн кодтой дӕс танчы — танкон ротӕ — Гуры районӕй.

Танктӕ ӕрӕвӕрдтам цӕрӕн городокы, саперон дӕлхайады, аэродромы, бастдзинады ротӕ хъахъхъӕнынӕн. Ссардтон сырх тырыса ӕмӕ йӕ ӕрфидар кодтам танктӕй иуыл. Ӕмӕ ацы танкыл — ӕз разӕй "уазикыл" — мах цыдыстӕм Цхинвалы уылты. Уый хъуыд фенын. Адӕм ракалдысты ӕдтӕмӕ, уӕлӕмӕ ӕхстой сӕ худтӕ, куыдтой. Махыл ӕмбӕлдысты куыд 1945 азы уӕлахиздзаутыл.

Уый фӕстӕ горӕты бӕрӕг фӕсабырдӕр. Уый уыд 1991 азы райдианы, куыддӕр "гуырдзиаг милици" ныууагъта горӕт, уӕд.

— Хуссар Ирыстоны хъуыды кӕныц, Ды куыд истай уӕлдӕфмӕ вертолеттӕ. Радзур ма нын бӕстон уый тыххӕй.

— Иу хатт систон уӕлдӕфы дыууӕ вертолеты — 1992 азы сӕрды. Къуылдымыл, уӕлмӕрды цур лӕууыд гуырдзиаг танк ӕмӕ ӕхста горӕт. Ӕз систон уӕлдӕфы Ми-24, уый фехста танкы ӕмӕ ӕвиппайды алцыдӕр фӕсабыр.

Уыдис ма иу цау, Тамарашены хъӕуы куы райдыдтой ӕхсын ӕмӕ бахаудысты Ми-24-ы гидросистемӕйыл. Ӕз радтон командӕ, цӕмӕй скуынӕг кӕной ӕхсӕджы.

Тынг бирӕ хъӕр уыд. Фӕскавказаг ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг, инӕлар-лейтенант Беппайы фырт райдыдта телефонӕй хъӕр кӕнын, ӕз кӕй цырын кӕнын Гуырдзыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн хӕст. Уӕды рӕстӕджы мӕ полчы уыд инӕлар — булкъон Кондратьев, уӕды рӕстӕджы уый уыд хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, иу фондз инӕлары бӕрц. Ӕхст куы райдыдта, уӕд мӕ Кондратьев бафарста: "Гарнизон ӕхсынц?". Ӕз радтон ӕвӕрццаг дзуапп. Уый бафарста: "Исты мадзӕлттӕ цӕуылнӕ исыс?"

Министры хӕдивӕг уӕд дзуры "Командӕ уӕлӕмӕ сыстын кӕн". Фӕстейӕ та лӕууыд зылды командӕгӕнӕджы хӕдивӕг, инӕлар Огонян ӕмӕ мӕм бартхъирӕн кодта: "Куы бафӕлварис сыстын кӕнын!". Уыцы тӕккӕ ӕз радтон бардзырд вертолет уӕлдӕфы сисын ӕмӕ уый фехста танк.

— Исты бӕллӕхтӕ баййӕфтай?

— Дзырд ыл тынг бирӕ уыд. Фӕстӕдӕр мын куыд радзырдтой, афтӕмӕй инӕлар-булкъон Кондратьев йӕ ныхӕстыл нал басаст. Ӕз ӕй сабыр кодтон, зӕгъгӕ, дыууӕ сармадзан спырх дӕлхайады территорийыл ӕмӕ нын уыд ӕппӕт бартӕ дзуапп раттынӕн.

Ветеран Гатыгкоты Захар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ветеран: хӕст мӕ ныууагъта сахъхъатӕй, ме ‘мгӕрттӕй та бирӕтӕн аскъуыдта сӕ цард

Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ алы къахдзӕф дӕр уыд лӕмбынӕг хъусдарды бын ӕмӕ ницыуал мӕ бон уыд саразын. Фӕлӕ алцыдӕр хорзӕй ахицӕн. Огонянимӕ тынг фӕхыл стӕм, Беппайы фыртимӕ дӕр. Уӕд мын загъта, ӕз кӕй сидын хӕст Уӕрӕсейы ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн. Ӕз та сдзуапп кодтон, кӕй нӕ бауадздзӕн ӕмӕ мын мӕ дӕлбар адӕм ӕмӕ вертолетты гуырдзиӕгтӕ кӕнӕ ӕндӕр исчи ӕхса.

Фӕстӕдӕр, командӕкӕнынад куы уагътон, уӕд базыдтон, кӕй уыд тел инӕлар-булкъон Патрикеевӕй Фистӕгӕфсады сӕйраг къомандагӕнӕджы номыл мӕн мӕ бынатӕй сисын, бардзырдтӕ кӕй не ‘ххӕст кӕнын, уый тыххӕй. Уыцы ӕмрӕстӕджы ма ӕрцыд тел Хъуылымбегты Торез Георгийы фыртӕй, мӕнӕн хорзӕх раттыны куырдиатимӕ. Ацы дыууӕ гӕххӕтты кӕрӕдзи сӕмуӕз кодтой.

— Ацы азты ӕрцыд Советон Цӕдисы ныппырх. Куыд сӕмбӕлдтӕ Дӕхӕдӕг ацы хабарыл? Цы ахадындзинад ын уыд дӕ цардыл?

— Уӕддӕр ӕмӕ ныр дӕр нымайын ахӕм паддзахады ныппырх стыр бӕллӕхыл. Полк райдыдтой дих кӕнын…
Ссардтон бирӕ ӕмгӕрттӕ дӕр ӕмӕ знӕгтӕ дӕр. Фылдӕр кӕцытӕ, уый мӕхӕдӕг дӕр нӕ зонын. Знӕгтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гуырдзыстойнаг хицауады рӕнхъытӕй, фӕлӕ нӕхимӕ дӕр фаг уыдысты. Фӕлӕ ныббыхстам. Ӕхсызгон мын у, цӕуыл тох кодтам, уый нӕ къухты кӕй бафтыд. Хъыгагӕн, стыр тугкалдӕй.

— ССР Цӕдисы ныппырхӕн, Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цы ахадындзинад уыд ӕфсадыл?

— Нӕ тӕрсын дзурын — ӕфсад ныппырх кодтой. Кӕд раздӕр 51 вертолетон полк уыд, уӕд ныр та дӕс дӕр нал сты. Афтӕ ӕфсад ныппырх кодтой, фӕдавтой йӕ, ныххурх ӕй кодтой.

— Хуссар Ирыстоны дӕ хорз хъуыды кӕнынц ӕмӕ уарзынц. Республикӕимӕ ма дын исты бастдзинад ис, никуы ӕрцӕуыс?

— Баззадис мын ӕмгӕрттӕ, фылдӕр аныхас кӕнӕм телефонӕй. Фӕлӕ мӕ фӕнды мӕ рисы тыххӕй зӕгъын. Фарон, РХИ хӕдбардзинадыл 25 азы сӕххӕсты бон куы нысан кодтой, уӕд мӕ уыд стыр ныфс, кӕй мӕ фӕхондзысты, фӕлӕ мӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ не ‘рхъуыды кодтой. Ӕргом ӕй зӕгъдзӕн — мӕ зӕрдӕйы баззад уӕззау фӕд.

— Радзур ма нын Дӕ ныры царды тыххӕй.

— Фарон сентябры онг уыдтӕн вертолет Ми-8-ы командир, сарӕзтон ыл 15 атахт. Ластон, сӕйраджыдӕр губернаторы, фӕлӕ мын уыд ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Сентябрӕй фӕстӕмӕ никуы кусын — бахастӕуыд ӕнхъарӕн, цӕмӕй Паддзахадон Думӕмӕ раразмӕ кӕнон мӕхи Краснодарӕй. Уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ мӕхи цӕттӕ кӕнын, фембӕлдтӕ уадзын, хыл кӕнын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ныфс мӕ ис 18 сентябры рамбулын.

Бафлвардзӕн, бакусдзӕн, уымӕн ӕмӕ мын, куыд фӕдзурынц, "фыдыбӕстӕйы раз хъыг у".

— Стыр бузныг Дын, Алексей Никитайы фырт! Цымыдисаг ныхасы ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн цы сарӕзтой, уый тыххӕй.

— Бузныг, мӕ зӕрдӕ Хуссар Ирӕн зӕгъы иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ!

Ног хабӕртты лентӕ
0