Цхинвайлаг интернаты директор: сывæллæттæн æххуыс кæнæм скъолайы фæстæ дæр

© Sputnik / Наталья АйриянРоланд Тедеев
Роланд Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг скъола-интернаты директор Тедеты Роланд радзырдта Sputnik ахуырадон уагдоны архайды æмæ йæ хъомылгæнинагты царды тыххæй скъолайæн æддейæ

Тедеты Роланд радзырдта хъомылгæнинæгты боныфæткы тыххæй, скъола йæ къæхтыл цалынмæ не ′слæууыд, уыцы уæззау рæстæджы тыххæй, бынат ивыны æмæ уæззау цардуагон уавæрты тыххæй 2008 азы онг. Скъолайы директор ма радзырдта сывæллæтты хæрзаудæн фонды тыххæй, кæцы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн æххуысæн.

Босыкты Наталья

— Радзур ма нын интернаты куысты æмæ йæ хъомылгæнинæгты тыххæй, скъолайæн æддейæ царды тыххæй.

Скъолайы контингент арæзт цæуы ахуырады министрады уынаффæмæ гæсгæ, цы ранмæ æрбацæуынц куырдиæттæ æрмæст сæрмагонд гоймæгтæй нæ, фæлæ ма районты администрацитæ æмæ æвджиды органтæй. Скъоламæ æрвитынц вазыгджын цардуагон уавæрты бахауæг сывæллæтты. Уыдон сты бирæсывæллонджын бинонтæй, къуындæг цардуагон уавæртимæ бинонтæй, лигъдæтты сывæллæттæ, афтæ ма республикæйы районтæй, цыран скъолатæ нæй.

Награждение победителей конкурса Первая четверть - Sputnik Хуссар Ирыстон
Проект "Ты супер!"-ы хайадисджытæ равдыстой сæ курдиат Цхинвалы

Абоны бон махмæ ис 194 хъомылгæнинаджы. Сывæллæттæн сæ бон райдайы зарядкæ æмæ аходæнæй. Дарддæр сын ис уроктæ æмæ уæлæмхас ахуыр — уыдæттæ сты бæстыхайæн йæхимидæг. Кæд æмæ нæ хъомылгæнинæгтæй исчи цæуы исты кружоктæм скъолайæн æддейæ, уæд нын уый тыххæй ис транспорт. Бахъуыды рæстæджы, уыдон рацæуынц сæ хъомылгæнджытимæ. Къаннæгдæр сабитæ схуыссынц фараст сахатыл, хистæрдæр сывæллæттæ та 22 сахатыл, фæлæ ис гæнæн æмæ фæфæстиат уой фæлладуадзæн хатæны, цæмæй бакæсой чиныг.

Уымæй дарддæр ма, Хуссар Ирыстоны интернаты бындурыл æрбайгом сты сæрмагонд коррекцион къластæ арæнæвæрд фадæттимæ сывæллæттæн. Уыдон ахуыр кæнынц сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Ахæмтæ интернаты сты 24 сывæллоны — æртæ къласы æмæ иу скъолаагъоммæ группæ. Уыдон ахуыр кæнынц хицæн программæмæ гæсгæ. Ӕз нымайын æнæмæнгхъæуæгыл сæрмагонд коррекцион скъолайы сырæзт æнцойвадæттимæ, уымæн æмæ æххуыс цы сывæллæтты хъæуы, уыдоны нымæц республикæйы у 200-мæ æввахс. Ахæм скъола сын ахъаз уаид социалон адаптацийæн.

— Радзурут ма нын хæрзаудæн фонды тыххæй. Куыд фæзынд йæ саразыны хъуыды æмæ куыд кусы?

— Цалынмæ цалцæг не ′рцыд, уæдмæ интернат куыста уæззау уавæрты. Фæлæ 2008 азы хæсты фæстæ нын æрдæгазмæ ацарæзтой æнцонвадæттимæ бæстыхæйтты комплекс. Мах бузныг стæм уæрæсейаг Сывæллæтты фонд æмæ компани "РЖД"-йæн ацы бæстыхайы арæзтады тыххæй. "РЖД" æрвылаз дæр рахицæн кæны хуссарирыстойнаг сывæллæттæн 15 балцæджы воронежаг хосгæнæн лагерьмæ.

Нæхи сывæллæтты фонд саразыны тыххæй æнхъарæн æрбацыд уæрæсейаг фонды сæргълæууæг Альберт Лихановæй. Саразгæ хыгъдмæ банчы ис гæнæн бахæссын æхцайы фæрæзтæ, кæцытæй мах хардз кæнæм нæ хъомылгæнинæгтыл.

— Кæдæм ацæуынц уæ рауагъдонтæ скъолайы фæстæ?

— Мах дарддæр дæр нæ хъус фæдарæм нæ сывæллæтты хъысмæтмæ скъолайы фæстæ дæр, бахъуыды рæстæджы сын кæнæм æххуыс. Уагæвæрдмæ гæсгæ, директорæн ис бар хъомылгæнинагæн хатæн ныууадзын æмæ йæ иу афæдз фæдарын, кæд ахæм æнæмæнгхъæуындзинад ис, уæд. Законмæ гæсгæ, хицауад у хæсджын скъола-интернат каст фæуыны фæстæ хæрзсидзæрттæн цæрæнуат рахицæн кæнын. Нæ рауагъдонтæн сæ фылдæр сты ХИПУ-ы студенттæ.

Цы хъæуы аразын ныййарджыты, цæмæй схъомыл кæной бæстæйæн аккаг æмбæстаджы?

— Фыццаджыдæр хъæуы сывæллæтты уарзын. Аудындзинад æмæ сæ хъусдарды бын фæкæнын. Сывæллæтты хъæуы цайдагъ кæнын куыстыл хæрз чысылæй, уый сын ратдзæн фадат, цæмæй фæцайдагъ уой дисциплинæйыл æмæ бæрндзинадыл. Кæд сывæллон истæмæ цымыдис кæны, уæд ын хъæуы феххуыс кæнын ацы цымыдисы райрæзтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0