Цхинвалы ног мэр: фыццаг рады мӕ фӕнды фӕивын адӕмы ахаст сӕ горӕтмӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлан Кочиев
Алан Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд мæйы Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары мэрæй нысан æрцыд Коцты Алан Грийы фырт. Ног сити-менеджер радзырдта Sputnik ацы бынаты йæ фыццаг къахдзæфтæ æмæ аразинæгтыл
Куыд ацыд Дӕ фыццаг кусæгон мӕй горæты хицауы бынаты? Цы проблемӕтыл фембæлдтæ фыццаг рады?

— Фыццаг рады базонгæ дæн коллективимæ æмæ горæты администрацийы хайæдтæ цы бындурыл кусынц, уыцы нормативон-барадон документациимæ. Иууыл стырдæр проблемӕ Цхинвалы ныридæнæн у цæрæнуаты цухдзинад. Стæй ма æз нымайын бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ æмæ бахизӕнты хæрзарæзтад дæр фыццаградон хæсыл. Проблемӕтæ бирæ ис, фæлæ нæ тыхтӕ ратдзыстæм сæ аиуварс кæнынмæ.

— Цхинвалы администрацийы стырдæр проблемӕ схуыдтай цæрæнуаты цухдзинад. Цы хуызы уыныс горæты иууыл риссагдæр фарст аскъуыддзаг кæныны фадат?

— Горæты администрацийы дæлбар кусы сæрмагонд къамис, кæцы сарæзта цæрæнуаты хъуагдзинад ӕййафӕг бинонты номхыгъд. Сæ нымæц у 1800. Уыдон дих æрцыдысты цалдæр къордыл.

Администрация города Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта Цхинвалы ног мэры

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фыццаг рады хæдзæрттæй сифтонг кæнын хъæуы бынтон тыхст бинонты, стæй та аннæ категориты.

Æз æй куыд зонын, афтæмæй та сног кодтой микрорайонты арæзтад, уæлæмхас финансон фæрæзтæ сын хицæн æрцыд. Уый у ацы проблемӕ аскъуыддзаг кæныны фадæттæй иу. Ис ахæм цаутæ дӕр, æмæ адæм сæхæдæг батоныц фатертæ æмæ сæ æрцæрынц. Æппæт дæр хъæуы æркæнын законмæ — кæд сæм æцæгдæр æмбæлынц, уæд сын сæ хъæуы раттын барадон æгъдауæй, науæд та сæ райсын æмæ фатертӕ тыхст бинонтæн раттын. Ацы фарст ахуыр кæнæм бæстонæй.

— Куыд ног сити-менеджер, цы хъавыс фыццаг рады фæивын Цхинвалы?

— Фыццаг рады мæ фæнды фæивын адæмы ахаст сæ горæтмæ. Йӕ райгуырӕн къуым чи уарзы, уый йыл хъуамӕ ауда. Алкæцы адæймаг дӕр куы æмбара, Цхинвал йæ райгуырæн хæдзар кæй у, уæд, мæ хъудымæ гæсгæ, уый бандавдзæн горæты æддаг бакастыл. Мæнмæ дæр цы æмбæлы, уый араздзæн. Уымӕй дарддӕр ма, мæ хъуыдымæ гæсгæ, Цхинвалы хъæуы саразын фылдæр сквертæ.

— Sputnik иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста Цхинвалы кӕлӕддзаг бӕстыхӕйттыл, кӕцытӕ халынц горӕты ӕддаг бакаст. Куыд хъавы мэрия ацы фарстыл бакусын?

— Ацы фарсты фӕдыл ныхас кодтон паддзахады сæргълæууæгимæ æмæ ӕрцыдыстӕм иумӕйаг æмбарынадмӕ. Фыццаг рады бæлвырд кæндзыстæм хæдзæртты уавæр, кæд сын ис цалцæг кæнæн — уæд цалцæг, бынтон æдзæллаг уавæры чи ис, уыдон та амад цæудзысты ногæй.

— Ахӕм кӕлӕддзаг бӕстыхӕйттӕм ма хауы Харебаты Исахъхъы æмæ Октябры уынгтæ кæм иу кæнынц, уым уæвæг агъуыст æмæ йæ алыварс территори. Дзырд цыд ацы бынат ДМР минӕварадæн рахицæн кæныныл, ЗАГС-ы бæстыхай дзы самайыныл, фæлæ рæстæг цæуы æмæ ацы бынат афтӕмæй лæууы нырма дæр. Цы фæнд кæнынц горæты хицæуттæ ам саразын?

— Ацы бæстыхаймæ хæстæг уæрмы территори кæй къухы ис, уыцы арендаторимæ баныхас кæндзыстæм æмæ горæтæн хуыздæр цы уа, уыцы вариантыл банцой кæндзыстæм. Æмткæй ацы бынат лæвæрд æрцæудзæн социалон-нысаниуæгджын объекты арæзтады нысанæн. Фидарæй мæ бон у зæгъын, базарадон центр дзы кæй нæ уыдзæн. Гæнæн ис æмæ ам амад æрцæуа "Ветеранты хæдзар", цæмæй сын бынат уа сæ рæстæг арвитын æмæ фембæлынæн.

— Цы уыдзæн ККЗ "Ирыстоны" бынаты та?

— Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ам ногæй хъуамæ арæзт æрцæуа кинозал æмæ æнæмæнгæй фӕстӕмӕ хуыйна "Ирыстон".

— Ныр цалдæр азы æхсæнады дзырд цæуы Згъудеры уæлмæрдыл, зианджын бинонтæн сæ мардæн бынат ссарын свæййы проблемӕ. Куыд скъуыддзаг кæндзынæ Ды ацы фарст?

— Ног уæлмæрдæн хицæн æрцыд зæххы фадыг Цхинвалы ныгуылæн фарс, Къусреты хъæумæ фæндагыл. Ӕввахс рæстæджы финансон фæрæзтæ хицæн æрцæудзысты территори сæмбонд кæнынæн, уый фæстæ Згъудеры уæлмæрды ныгӕныны бар нал уыдзӕн.

— Ногæй та горæты цады тыххæй. Цы хъæуы саразын æппынæдзух чъизи цады проблемӕ аиуварс кæнынæн? Ныридæгæн дзы дон дæр нæй. Куыд цæуы цæттæ найæн сезонмæ улæфæн бынат?

— Ныридæгæн горæты цад цардуагон быронæй æрцыд сыгъдæг æмæ йæм радтам дон. Ӕввахс рæстæджы бавналдзыстæм йæ хæрзарæзтадмæ. Заказгон æрцыдысты бандæттæ, фынгтæ. Цады цæгаттаг фарс дӕр ауадздзыстæм электронон рухс. Нæ хъус дардзыстæм доны сыгъдæгдзинадмæ дæр санитарон уагдонимæ иумæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0