Плиты Алан Цхинвалы районы проблемӕтыл, ног уæлмæрды "æдзæрæгдзинадыл" æмæ Гудзабары фидæныл

Рафыссын
Цхинвалы районы хистæр Плиты Алан Солтаны фырт йæ хыгъдон интервьюйы раргом кодта йæ дæлбар районы проблемæтæ, æрдзырдта горæты ног уæлмæрды "æдзæрæгдзинадыл", полигоны æппæрццаг æнвæдад æмæ Гудзабары фидæныл
Алан Солтаны фырт, Цхинвалы районы администраци цы хатдзæгтимæ балхынцъ кодта 2017 аз, цы æвæрццаг ивындзинæдтæ ʻрцыд ивгъуыд аз районы?

— Раздæрау, ивгъуыд аз дӕр куыстам социалон-экономикон фадыджы æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады хаххыл. Азы дæргъы куыст бирæ фадгуытыл цыд, цыбыртæй зæгъгæйæ, 15 километры дæргъæн айгæрстам доны хæтæлтæ, уый хыгъд районы 12 хъæумæ бауагътам дон. Ныридæгæн ма куыст цæуы Икъорта æмæ Рустауы, уыдон дæр тагъд рæстӕджы æрбамбал уыдзысты донифтонг хъæутæм. 13 хъæумæ сарæзтам фæндæгтæ, се хсæн ногæй кæй балыг кодтам, ахæм фæндæгтæ дæр — Бихъары комы Вилдайы ʻрдæм. Иумӕйагæй сисгæйæ, районы фæзынд 44 километры дæргъæн хæрзвадат фæндæгтæ.

— Ӕрвылаз дæр районты хистæртæ сæ хыгъдты ранымайынц фæндæгтæ, дон æмæ социалон объекты арæзтад. Ацы азы пълæнтты дæр афтæ сты, æви аразинæгты нымæц къаддæр кæны?

— Цхинвалы районы æмткæй ис 80 хъæуы, ам ис иууыл фылдæр цæрджытæ, афтæмæй та районы бюджет иннæтæм абаргæйæ у иууыл гыццылдæр. Зындзинад ма уый мидæг ис, æмæ зæхцъар фæндæгтæм æппынæдзух хъæуы хъусдард. Ацы аз аразинӕгтӕ афтæ бирæ нал сты, раздæр-иу арызтам фылдæр, фæлæ арæзт фæндæгтæм дæр хъæуы хъусдард. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма цæудзæн куыст фæндагарæзтадыл дӕр — 15 хъæумæ сараздзыстӕм фæндæгтæ, æмæ уый фæстæ зæгъæн уыдзæн, Цхинвалы районы хъæутæн сæ фылдæрмæ кӕй ис фæндæгтæ.

2018 азы нæ фæнды гъæдджын мæнӕу æмæ нартхор бынæттон фермертæн раттын кæнын, уый тыххæй ныхас кодтам Хъæууон хæдзарады министрадимæ. Хъæууон администрацитӕ, клубтæ æмæ 8 медпункты сты цалцæггæнинаг, ууыл дӕр бакусдзыстӕм ацы аз.

 — Фæстаг æзты Цхинвалы проблемæтæй иу у ног уæлмæрды бынат равзарыны фарст. Кæд уый горæт скъуыддзаг кæны, уæддæр ын зӕххы фадыг хъуамæ хицæн æрцæуа Цхинвалы районы. Цы ран уыдзæн ног уæлмæрд?

— Фыццаг фæнд уыд Зар æмæ Къостайы хъӕуы ʻрдæм фæндаг цы ран фæдыууæ ис, уыцы бынаты, "Сыгъд удты музейы" цур. Фæлæ хъæу растад уый ныхмæ. Иууыл фæстаг æрлæууыдысты, Цхинвалы районы сын цы бынат æнхъардтам, ууыл — Къусреты фидар æмæ хъӕуы уæлмæрды цур рахицæн кодтой бынат ног уæлмæрдæн.

Ацы зæхх бæзнаг мæр нæу. Офицалон æгъдауæй хицæн æрцыд 2016 азы. Уæлмæрды хицæуттæ цæмæдæр гæсгæ нæ тагъд кæнынц ног зæххытæ æрхион кæнын, афтæмæй та Згъудеры уæлмæрд йæ арæнæй ахызт, скъутæр ис. Ныфс нӕ ис, ног уæлмæрд арӕзт кæй ӕрцæудзæн фæткмæ гæсгæ, уыдзæн рæсугъд æмæ нывыл арӕзт.

— Цхинвалы районы кæцыдæр хъæуты цæрджытæ, афтӕ ма, æгæрыстæмæй, горæты кæцыдæр районты цæрджытæ дæр тыхсынц Дзарцъемы полигоны хæстæгдзинадæй. Дæумæ дæр, куыд районы хистæрмæ, цӕуынц ӕппынӕдзух хъастытæ. Куыд уыныс фарст алыг кæныны фадат?

— Бирæ хъæстытæ мæм цæуы хицæн адæймæгтæй, къордтæй, фыстæджыты хуызы, афтӕ ма адæмимæ ныхасгæнгæйæ.

Дзауы районы администрацийы сæрдар Макъоты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Макъоты Уырызмӕг: архайӕм Дзауы санаторий сӕндидзын кӕныныл

Полигон рахицæн ӕрцыд хæсты хæд фæстæ æмæ бирæ бæрцæй уыд рæдыд хъуыддаг. Иуæй адæмы хъыгдары, сæ фос рауадзын æддæмæ нал уӕндынц, нæмгуытæ сæмбæлынц хæдзӕрттыл дæр.

Уымæй дарддӕр ма схæццæ вæййы фæндагон змæлды фидаргонд фæтк. Горæты райрæзты Генпланмæ гæсгæ, столицæйы фӕндӕгтӕ расæрибар кæныны нысанæн уæззау транспорт ракодтой сахары иуварс æмæ хъуамӕ цæуит Цхинвалы скæсæн фæрсты. Ацы фæндаг цæуы тæккæ полигоны центры æмæ уый аххосæй уæззау машинæты шофыртӕ "Хурзæрины" цур сæ фæндаг сæйраг трассæмæ ракæнынц.

Ацы полигон æнæмбæлон бынаты кæй ис, уый æмбарынад ис æмæ йæ кæд раивыны фæнд скæной, уæд ын хуыздæр бынат самал кæнын дæр зын нæ уыдзæн.

— Фæстаг æзты дæргъы дзырд цæуы Цхинвалы районы кæцыдæр территоритæ, столицӕмӕ сӕ хæстæгдзинад хынцгæйæ, бакæнын Цхинвалы администрацийы скондмæ. Куыд скъуыддзаг цæуы ацы фарст?

— 2014 азæй фæстæмæ столицæмæ бацыдысты раздæры Цхинвалы районы Тамарашен æмæ Ацабеты хъæутæ. Дзырд ма цыд Гудзабарыл дæр, цæрджытæн сæхи фæндон дæр уыд афтæ. Уыдон фыстæджытæ фыстой ацы фарст алыг кæныны тыххæй ивгъуыд æнусы 90-æм æзтæй фæстæмæ. Гудзабары цӕрджытӕ бирæ бæрцæй сты Цхинвалимæ баст, дон уырдыгæй исынц, ахуырмæ уырдæм цæуынц æмæ афтæ дарддæр. Фæстаг хатт ма, æртæ мæйы размæ, бахатыдысты ацы фарстимӕ Уæллаг Гудзабары цæрджытæ.

Фæлæ Цхинвалмӕ сæ бакæнынæн ис юридикон æмæ техникон æууæлтимæ проблемӕтæ, уыдонæй сæйраг у, цæрджытæн кæй ис стыр зæххы фадгуытæ (1500-2000 кв метры), горæты нормæ та нæ хизы 600 кв метрæй уӕлдӕр.

Стæй ма закондæтæн нормæтæ дæр горæт æмæ хъæуы хицæн кæнынц, уымæй дарддæр ма уынгтæ дæр ракæнын хъæудзæн Генпланы нормæтæм, уым та арæзтæдтæ сты æмтъеры, бирæтæ зæххытæ бацахстой æнæзакононæй, уыдон дæр хæуы фæткмæ æркæнын. Уымæ гæсгæ, ацы фарсты скъуыддзаг дæр фæстиат кæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0