Джиоты Вероникӕ: "Аланийы стъалы" – лӕвар мӕ адӕмӕн

Рафыссын
Музыкалон аивады ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Аланийы стъалы"–йы гала-концерты размӕ Стыр ӕмӕ Мариинаг театрты ӕмӕ Новосибирскы оперӕйы солисткӕ Джиоты Вероникӕ фембӕлд журналисттимӕ Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры.

Фестивалы сӕйраг организатор радзырдта фестивалы программӕйы тыххӕй, афтӕ ма раргом кодта йӕ сфӕлдыстадон нывӕзттӕ

Оперон стъалы банысан кодта, концерты репертуар ӕмӕ программӕ кӕй сты тынг хъӕздыг, аивадуарзджытӕн ис фадат байхъусын бирӕ романстӕ ӕмӕ аритӕм, кӕцытӕ сӕххӕст кӕндзысты зындгонд музыканттӕ ӕмӕ кӕцытӕ Хуссар Иры фыццаг хатт не ′сты.

"Уый у концерт-лӕвар мӕ адӕмӕн. Уыдзӕн тынг хъӕлдзӕг, уымӕн ӕмӕ мемӕ ӕрцыдысты дунеон масштабы курдиатджын музыканттӕ", — загъта Вероникӕ.

Кӕд ӕмӕ Хуссар Ирмӕ ӕрцӕуын ӕнцон хъуыддаг нӕу, уӕддӕр Джиоты Вероникӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, музыканттӕ сразы сты хуссарирыстойнаг сценӕмӕкӕсӕджы раз ралӕууын. Оперон стъалы банысан кодта, ахӕм фестиваль саразыны хъуыдыйы хицау кӕй у йӕхӕдӕг, фӕлӕ уый цӕмӕй ӕрвылазон ӕмӕ масштабон, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕххуыс.

"Тынг мӕ фӕндид, цӕмӕй фестиваль уа ӕрвылазон. Фӕлӕ, уазджыты ӕрхоныны тыххӕй хъӕуынц финанстӕн, кӕд сӕ фылдӕр разы сты ӕнӕ гонорарӕй зарын, уӕддӕр", — банысан кодта зарӕггӕнӕг.

Джиоты Вероникӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ,уымӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы тур Уӕрӕсейыл, бирӕ рӕстӕг зарӕггӕнӕг арвитдзӕн Европӕйы, сӕрмагондӕй, Лондон, Женевӕ ӕмӕ Парижы.

Цӕмӕй ӕнтыстджын оперон стъалы суай, уый тыххӕй, Джиоты Вероникӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы уарзын ацы професси ӕмӕ уай "рынчын" ацы хъуыддагӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0