Эверестмӕ схызт, цы ран акафдзысты "Хонгӕ", райдайдзӕн апрелы

Рафыссын
Сӕрмагондӕй проекты тыххӕй, Хӕмыцаты Хъазбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хайадисджыты 62 боны дӕргъы цӕттӕ кӕндзысты схызтмӕ. Цӕттӕгӕнӕн куыстыты рӕстӕджы проэкты хайадисджытӕ хъуамӕ сарзой иууыл къаддӕрӕй дыууӕ рахызты уӕлхох зонӕмӕ. Уыцы рахызтты фӕстӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортсментӕ цӕттӕ вӕййынц хохы цъупмӕ схизынмӕ.

Командӕ фӕнд кӕны куыстмӕ бавналын 10 апрелӕй. Эвересты базӕйон лагерьмӕ бахауыны агъоммӕ командӕ хъуамӕ бахауа Катмандӕмӕ (Непалы столицӕ). Схызт хайадисджытӕ фӕнд кӕнынц саразын Тибеты уылты, ацы маршруты та, сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис цавӕрдӕр ӕнахуыр зӕрдӕскъӕфт.

Ног хабӕртты лентӕ
0