Хуссар Ирыстоны сӕвӕрдтой дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхаймӕ

Рафыссын
Республикӕйы къухдариуӕгад ссардта Сау денджызы сӕрмӕ авиакатастрофӕйы фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ президент Тыбылты Леониды сӕргълӕудӕй, парламенты депутаттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхаймӕ Цхинвалы.

"Хуссар Ирыстоны хъыгзӕрдӕйӕ сӕмбӕлдысты трагедийы хабарыл. Ацы ӕбуалгъ авиакатастрофӕ, кӕцы ахаста бирӕ удтӕ, ссис стыр трагеди Уӕрӕсейӕн, фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Уӕрӕсейы минӕвар Къарджиаты Эльбрус загъта бузныг президентӕн йӕ хъусдарды тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, минӕварадмӕ ӕнӕхъӕн бон тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ цыдысты адӕм, чиновниктӕ, скъолодзаутӕ.

"Цалдӕр боны размӕ та Турчы ӕрцыд нӕ минӕвары ӕбуалгъ лӕгмард. Зӕрдӕ скъуыдтӕ кӕны. Уый тынг зын у сфӕразын", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0