Банымады аккаг ӕмӕ "08.08.08": цы зонынц Хуссар Ирыстоны тыххӕй Абхазы

Рафыссын
Сухумы цӕрджытӕ радзырдтой Sputnik Абхазӕн, цы зонынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны тыххӕй. Ацы сюжетӕй уыдон балхынцъ кодтой ӕрфарстты сери Советон цӕдисы раздӕры бӕстӕты тыххӕй.

"Кавказаг республикӕтӕй уый у иууыл ӕввахсдӕр махӕн. Иумӕйагӕй нын бирӕ ис политикон къабазы, тырнӕм ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ. Бавзӕрстам хӕсты хъизӕмӕрттӕ иууылдӕр, Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй агресси. Хуссар Ирыстонимӕ мах банымадта Уӕрӕсе, ирӕттимӕ иумӕ нысан кӕнӕм хӕдбардзинад банымайыны бон", — загъта Наала Мукба.

Абхазаг журналисттӕй бирӕтӕ уыдысты 2008 азы августы фӕстӕ Цхинвалы.

"08.08.08"-ы фӕстӕ уыдтӕн Цхинвалы. Абхазимӕ абаргӕйӕ уый фылдӕр зиан баййӕфта.. Фӕлӕ уыдон фидар лӕууынц", — банысан кодта Виталий Шария.

Алхас Хуссар Ирыстоны йӕхи ӕнкъардта, куыд хӕдзары йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджыты ӕхсӕн. Пенсиисӕг ирӕтты хуыдта ӕфсымӕртӕ ӕмӕ кӕй сты Уӕрӕсейы Федерацийы ӕрдыгӕй банымады аккаг.

"Путин уыдон дӕр банымадта ӕмӕ мах дӕр. Ӕмӕ кӕд уырыссаг адӕм мах банымадтой, уӕд стӕм уый аккаг", — ӕнӕдызӕрдыг у уый.

Абхазӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ис хӕларзӕрдӕ адӕм ӕмӕ сӕм куы бахатай, уӕд радзурдзысты сӕ историйы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0