Сыгъдæг Николайы мард буары хæйттæ фæхæццæ кодтой Чырысти Ирвæзынгæнæджы аргъуанмæ

Рафыссын
Сыгъдæг Николайы мард буары хæйттæ фæхæццæ кодтой Чырысти Ирвæзынгæнæджы аргъуанмæ Мæскуыйы. Кувынаккагыл сæмбæлд Патриарх Мæскуыйаг æмæ Ӕппæтуæрæсейаг Кирилл.

Сыгъдæг Николайы мард буары хæйттæ фыццаг хатт историйы фæхæццæ кодтой Уæрæсемæ Италийæ. Уый цытæн Чырысти Ирвæзынгæнæджы аргъуаны уагъд æрцыд цытджын хуыцаумæскуывд, цы ран райстой хайад сæдæгай динамонджытæ.

Сыгъдæг Николайы мард буары хæйттæ 21 майы сæрмагонд рейсыл "Внуково"-мæ æрхæццæ сты италиаг горæт Барийæ. Кувынаккаджы бавæрдтой сæрмагонд сыгъзæринæй фæлынд авгæй чырыны.

Италийæ сыгъдæг мард буары хæйттæ æрхæссыны фæдыл бадзырд арæзт æрцыд Патриарх Мæскуыйаг æмæ Ӕппæтуæрæсейаг Кириллы æмæ папа Францискы историкон фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ 2016 азы 12 февралы. 930 азы мидæг уыдон никуы уыдысты горæт Барийæн æддейæ.

Чырыстон реликвийæн скувыны фадат уыдзæн Мæскуыйы 12 июлы онг, Санкт- Петербурджы та — 13 июлæй 28 июльмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0