Дыууæ Ирыстоны футболисттæ фембæлдысты Цхинвалы фæзуатыл

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт райсыныл 25 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы горæттаг стадионы ацыд хæларадон матч дыууæ Ирыстоны футболы ветеранты æхсæн.

Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны фæдыл акт республикæйы Уæлдæр Советы депутаттæ райстой 1992 азы 29 майы.

Пуртийы фыццаг ныкъуырды бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Хъазтмæ сæ хъус дардтой 300 фарцхæцæджы бæрц. Хъазт ахицæн æмдыхæй — 2:2.

Хъазты фæстæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны разамонджытæ схорзæхджын кодтой футболон командæты капитанты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0