Мобилон кофе Цхинвалы

Рафыссын
Цхинвалы фæзынд фыццаг мобилон кофейня оригиналон номимæ "Мæ Coffee"

Тæвд нуазинаг аразынц бæстыхайы нæ, фæлæ бынаты, автомашинæйы багажласæны, уыимæ иумæ "мобилон" кофейы аргъ у къаддæр цхинвайлаг уагдæттимæ абаргæйæ.

Цыргъзонд амалиуæггæнджытæ сæрмагондæй рацарæзтой машинæ, цы ран ис æппæт æнæмæнгъæуæг мигæнæнтæ кофе аразынæн (уазалгæнæн æхсыры тыххæй, кофемашинæ, кофессæн).

Цæлхытыл кофейня у баст иу бынатмæ, амалиуæггæнджытæ равзæрстой адæмæн уарзон парк æмæ æрбынат кодтой уазæгдоны бæстыхайы раз горæты центры.

Мобилон кофейня тынг фæцыд цхинвайлаг кофеуарзджыты зæрдæмæ, нуазинаджы аргъ æмæ гъæд сæ баппæрста уæлдай цины.

Ног хабӕртты лентӕ
0