Ӕрдзон бӕллӕх Цæгат Иры: хиды аласт ӕмӕ адӕмы эвакуаци

Рафыссын
Тæрккъæвдаты аххосагæй Цæгат Ирыстоны Алагиры районы дыууæ хъæуы атыдта газыхæтæл æмæ аласта хид

УУМ эвакуаци кæны Бирæгъзæнджы хъæуы цæрджыты, афтæ ма туристты. Донивылды фæстиуæгæн Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы ныппырх Цахсадыкомы цæугæдоны сæрыл хид. Цалдæр хæдзары, афтæ ма туристтæ æрцыдысты лыггонд аннæ цæрæн пункттæй.

Тæрккъæвдаты æмæ цæугæдæтты доны æмвæзад æвиппайды фæбæрзонды фæстиуæгæн ма атыдта газы хæтæл, кæцы ифтонг кодта газæй Алагиры районы æртæ цæрæн пункты: Суадаг, Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнг.

Тамискы цур цъыфы зæй æрцыд Транскамы магистралыл. Фæндаг у æхгæд автотранспортон змæлдæн. Цæгат Ирыстоны УУМ-ы управленийы Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтæмæй трассæйыл нæй машинæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0