Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн интеграции æмæ æмгуысткæнынады фæдыл бадзырд ратификаци æрцыд

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПереговоры президента РФ В. Путина с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым.
Переговоры президента РФ В. Путина с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламентарийтæ æмхъæлæсæй сразы сты, цæмæй республикæ æмæ Уæрæсейы 'хсæн интеграции æмæ æмгуысткæнынады фæдыл бадзырд ратификаци æрцæуа.

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламентарийтæ æмхъæлæсæй сразы сты, цæмæй республикæ æмæ Уæрæсейы æхсæн интеграции æмæ æмгуысткæнынады фæдыл бадзырд ратификаци æрцæуа.

Бадзырдыл 18 марты сæ къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы президенттæ Тыбылты Леонид æмæ Владимир Путин.

20 марты ацы документ æрвыст æрцыд республикæйы парламентмæ, цæмæй æрцæуа ратификации.

Парламентарийты æмæ æхсæнады минæвæртты раз раныхас кодта бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта, ацы стратегион нысаниуæгджын документ, сæйраджыдæр, кæй бафидар кæндзæн республикæйы æдасдзинад, афтæ ма бирæбæрцæй кæй фæхуыздæр уыдзæн бæстæйы социалон-экономикон райрæзт.

Президент ма ноджыдæр банысан кодта, интеграции æмæ æмгуысткæнынады бæдыл бадзырды бафыст фæстаг кахдзæф кæй нæу Хуссар Ирысон Уæрæсемæ ноджыдæр баввахс кæныны хъуыддаджы.

"Цалынмæ æз республикæйы президент дæн, уæдмæ кæд Хуссар Ирыстон бацæуа Уæрæсейы скондмæ, уæд сæрыстырæй зæгъдзæн, мæ адæмы раз мæ хæс кæй сæххæст кодтон, кæй сæххæст нæ æнусон бæлицц", — загъта Тыбылты Леонид.

Парламенты спикер Бибылты Анатолий куыд фехъусын кодта, афтæмæй депутаттæ иууылдæр цæттæ сты республикæйы хицауадимæ æмгуыстадмæ, цæмæй бадзырды дæлхæйттæ рæстæгыл реализацигонд æрцæуой.

"Мах хицауадимæ иумæ сараздзыстæм алцыдæр, цæмæй ратификацигонд бадзырд тагъд рæстæджы йæ тыхы бацæуа", — ныфс бавæрдта спикер.

Интеграции æмæ æмгуысткæнынады фæдыл бадзырды фæлгæтты арæзт æрцæудзæн æдасдзинады иумæйаг контур, арæнтыл хизыны æмæ Уæрæсейы æмбæстагдзинады статус райсыны фæткойтæ фæхуымæтæгдæр уыдзысты, таможнийы органтæ интеграцигонд æрцæудзысты, дыууæ бæстæйы мидхуыддæгты министрадты æмгуыстад фæарфдæр уыдзæн, фылдæр æрцæудзысты куыстмызд æмæ пенситæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0