Хуссар Ирыстон æмæ ÆИА «Россия сегодня» бадзырдтой æмгуысткæнынадыл

Хуссар Ирыстон æмæ ÆИА «Россия сегодня» бадзырдтой информацион фадыджы æмгуысткæнынадыл
Хуссар Ирыстон æмæ ÆИА «Россия сегодня» бадзырдтой информацион фадыджы æмгуысткæнынадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гобозты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, бадзырд ахъаз уыдзæн республикæйы информацион фадыджы райрæзтæн.

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ ÆИА «Россия сегодня» бадзырдтой информацион фадыджы æмгуысткæнынадыл.

Бадзырдыл æртыццæджы Мæскуыйы сæ къухтæ æрфыстой Хуссар Ирыстоны информации æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Гобозты Вячеслав æмæ медиа холдингы гендиректор Дмитрий Киселев.

Дмитрий Киселев куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы медиамбалад кæдфæндыдæр, уæлдайдæр уæззау рæстæджыты, æххуысы къух дардта Хуссар Ирыстонмæ. Уый ныфс бавæрдта, ÆИА «Россия сегодня» кæддæриддæр кæй уыдзæн республикæйы фарсмæ æмæ цæттæ кæй у йæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн алыварсонæй дæр æххуыс кæнынмæ.

Гобозты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ацы бадзырд нысан кæны, Хуссар Ирыстоны хæсты фæстиуджытæ цадæггай куынæг кæй цæуынц æмæ республикæ сабыр цардмæ кæй хизы. Гобозы фырт бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леониды номæй фæхуыдта Киселевы Хуссар Ирыстонмæ, Республикæйыл 25  азы сæххæсты фæдыл цытджын бæрæгбонмæ, кæцы нысан цæуы 2015 азы сентябры мæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0