Ацы Уæлахиз æрхаста...Хъотайты Герсан

© Sputnik / Алексей КовалевПроект "Ацы Уæлахиз æрхаста..."
Проект Ацы Уæлахиз æрхаста... - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект "Ацы Уæлахиз æрхаста..."-йы фыццаг хайадисæг ссис Sputnik Хуссар Ирыстон уацхæссæг Хъотайты Мария, кæцы радзырдта йæ дада Хъотайты Герсаны истори.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Мæ дада Хъотайты Герсан Зурабы фырт службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъыты 1938 азæй. Уый райста профессионалон ахуырад Сталинграды æфсæддон-авиацион тæхæг ахуыргæнæндоны. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уыд разæсгарджыты 40-æм авиаполкы пилот. Хæцыд Ленинграды фронтыл — 1941 азы ноябрæй 1942 азы августмæ. Тахт хæдтæхджытыл ПО-2, Р-5, Т-2, СБ, Б-25, ПЕ-2. Сæххæст кодта 93 æфсæддон атахты, цæй фæстиуæгæн хорзæхджын æрцыд "Красная Звезда" майданæй. Иумæйагæй атахт 1232 сахаты, уыдонæй 387 сахаты — цæхгæр уырдыгмæ тæхгæ бомбардировкæ кæнгæйæ, уый нымæцы æхсæвыгон.

Æз мæ дадайы нæ хъуыды кæнын, куы амард уæд мыл цыд дыууæ азы. Фæлæ мæ фыды ныхæстæй зыдтон, дада кæй уыд иттæг хорз тæхæг. Кæддæр Мæскуыйы цур знаджы æрхъулайы бахаудысты Лев Доватор æмæ Плиты Иссæ (фæстæдæр Советон цæдисы хъайтартæ) сæ хæстонтимæ. Командæгæнджытæ бахæс кодтой дадайæн, цæмæй уæлдæфæй сараза сырхæфсæддонты æрхъулайæ рахызты картæ. Дада алцыдæр сæххæст кодта, фæлæ фæстæмæ здæхгæйæ хæдтæхæгæн ссыгъд йæ "къæдзил". Дада рагæпп кодта хæдтæхæгæй парашютимæ, фæлæ картæ скуынæг кодта, цæмæй знаджы къухтæм ма бахауа. Уыдис-иу афтæ æмæ йын йæ хæдтæхæг фехстой немыцæгтæ. Иу ахæм цауы рæстæджы уый райста контузи, æмæ йæ фронтмæ нал арвыстой. Фæлæ йын бомбардир кæнынæй иттæг хорз тактикæ кæй уыд, уый тыххæй йæ снысан кодтой 9-æм фæстауæрцон авиаполкы тæхæг-инструкторæй

Йӕ хорзӕхты гӕххӕттыты нысангонд ӕрцыд, кӕй æм уыд хорз ӕфсӕддон цӕттӕдзинад ӕмӕ арæхстджынæй кæй ахуыр кодта ӕвзонг тӕхджыты. Мӕ дада йӕхӕдӕг бацӕттӕ кодта 43 иунӕгон тӕхӕг экипажтæ. Куыд хуыздӕр инструктор, афтӕ ‘рвыст ӕрцыд Запорожьемӕ, офицертимӕ бакусыны нысанӕн, цыран цыбыр рӕстӕгмӕ бацӕттӕ кодта 12 тӕхӕджы. Ацы куысты тыххӕй уый райста ӕртӕ бузныджы гӕххӕтты, стӕй ма 10 иунӕгон экипаж ӕмӕ 20 тӕхӕгимӕ куысты тыххӕй та йӕ бавдыдстой цыппар мин советон сомы бӕрц ӕхцайы премимӕ.
Хӕстӕй мӕ дада ӕрӕздӕхт майоры номимæ. Йӕ бирӕнымӕц хорзӕхты хсӕн иууыл ирддӕртӕ — орден "Красная звезда", Фыдыбӕстӕйон хӕсты фыццаг къӕпхӕны орден, майдантӕ "За боевые заслуги" ӕмӕ "За победу над Германией".

Ӕз сӕрыстыр дӕн, мӕ дада, куыд сӕдӕ мин солдаттӕ афтæ, кæй бахаста йӕ хайбавӕрд Стыр Уӕлахиз ӕрӕввахс кӕныны хъуыддагмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0