Хуссар Иры аварийы фæмардуæвæг æфсæддонты бинонтæн бафиддзысты фæйнæ 5,8 милуан сомы

© Фото очевидцаАвари Хуссар Ирыстоны
Авари Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны, хæххон фæндаг Цхинвал-Хъалцентӕйыл былæй ахауд автобус, кæцы фæцæйласта æфсæддон службæгæнджыты ахуырадон — методикон ахуыртæм.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Фæдзæхстон къорд "СОГАЗ" бафиддзæн Хуссар Иры аварийы фæмардуæвæг æфсæддонты бинонтæн фæйнæ 5,8 милуан сомы, фехъусын кодтой компанийы пресс-службæйы.

Аварийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны аварийы фæмард æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ

Хуссар Ирыстоны Цхинвал æмæ Хъалцентæйы хъæуы æхсæн хæххон фæндагыл былæй ахауд автобус уæрæсейаг æфсæддонтимæ, кæцы фæцæйласта æфсæддон службæгæнджыты ахуырадон — методикон ахуыртæм. Фæмард сты 6 офицеры æмæ 16 фылдæр та фесты уæззау цæфтæ. Амæттæгты иууылдæр фæхæццæ кодтой Цхинвалы республикон соматикон рынчындонмæ. Фæцæфуæвæг офицертæн дохтыртæ бакодтой æнæмæнгхъæуæг æххуыс, иу æфсæддонæн арæзт æрцыд операци.

2015 азы 1 январæй УФ хъахъхъæнынады министрад æмæ СОГАЗ-ы æхсæн архайы паддзахадон контракт æфсæддон службæгæнджыты æнæниздзинад æмæ царды æнæмæнг фæдзæхсты фæдыл. Фæдзæхстгонд адæймаджы амæлæты рæстæджы фиддæны бæрц уыдзæн 2,337 милуан сомы, уæззау цæф райсыны рæстæджы 233,735 мин сомы. Рог цæф райсыны рæстæджы та — 58,434 мин сомы.

Уымæй дарддæр ма СОГАЗ æфсæддон службæгæнæджы амæлæты рæстæджы хъуамæ бакæна иурæстæгон æххуыс. Æфсæддон службæгæнæджы амæлæты рæстæджы æххуысы бæрц у 3,506 милуан сомы. СОГАЗ фиды фиддӕнтæ хъахъхъæнынады министрадимæ бадзырдмæ гæсгæ.

"Нæ компани цæттæ у фæдзæхстон фиддонтæ æмæ иурæстæгон æххуысы фæдыл куырдиæттæ исынмæ. Нæ специалисттæ баххуыс кæндзысты документтæ æмбырд кæнынæн æмæ сараздзысты æппæтдæр, цæмæй трагедийы амæттæгтæн куыд тагъддæрæй бафидой сæ фиддæнтæ", — загъта СОГАЗ-ы вице-президент Лариса Терская.

Фæдзæхстон къорд "СОГАЗ"-ы ис сконды сты фæдзæхстон компанитæ АО "СОГАЗ", СК "Транснефть", АО "ЖАСО", АО СК "СОГАЗ-Мед", ООО СК "СОГАЗ-Жизнь", ООО "СОТ-Транс", SOVAG (Германи), "SOGAZ a.d.o. Novi Sad" (Серби), "Æхсæнадæмон медицинон центр "СОГАЗ", медицинон компани ООО "СОГАЗ-Медсервис". Къорды регионалон хызæджы сконды ис 800 дæлхайад æмæ базарадон офистæ æппæт Уæрæсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0