Пушков РХИ референдумы тыххӕй: Америкӕйы цӕстӕнгасӕн бынтондӕр ницы нысаниуӕг ис

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон Думӕйы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Алексей Пушков ов.
Паддзахадон Думӕйы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Алексей Пушков ов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий бафыстой куырдиат республикӕйы Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны тыххӕй референдум 2017 азы ауадзыны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Паддзахадон Думӕйы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Алексей Пушков комментаритӕ сарӕзта Вашингтоны негативон реакцийӕн Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны тыххӕй референдум ауадзыны фӕдыл.

"АИШ нӕ балӕууыд Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны тыххӕй референдум ауадзыны фарс. Ацы хъуыддаджы Америкӕйы цӕстӕнгасӕн бынтондӕр ницы нысаниуӕг ис", — ныффыста Пушков йӕ твиттеры.

Цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий бафыстой куырдиат республикӕйы Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны тыххӕй референдум 2017 азы ауадзыны фӕдыл. Уый фӕдыл АИШ Паддзахадон департаменты загътой, кӕй сты референдумы ныхмӕ ӕмӕ Гуырдзыстоны "территориалон ӕнӕхъӕндзинад ӕмӕ суверитеты фарс".

Ног хабӕртты лентӕ
0