Парламент сфидар кодта президенттӕм кандидаттӕн 3,5 мин къухфысты тыххӕй домӕн

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы парламент цыппӕрӕмы райста референдумы РХИ ӕмбӕстӕгты хайад исыны тыххӕй ӕмӕ ӕвзӕрстон барты бындурон гарантиты фӕдыл закъонмӕ барастгӕнинӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Козаты Дианӕ. Президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы 2017 азы Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидаттӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной 3, 5 мин æмбæстаджы къухфысттæ. Республикӕйы парламент цыппӕрӕмы райста референдумы РХИ ӕмбӕстӕгты хайад исыны тыххӕй ӕмӕ ӕвзӕрстон барты бындурон гарантиты фӕдыл закъонмӕ барастгӕнинӕгтӕ.

"Ацы барастгӕнинӕгтӕ уадиссаг ницы фиппаинӕгтӕ райстой парламентон ӕркасты рӕстӕджы. Дисскусситӕ айтынг сты ӕрмӕстдӕр ӕмбӕстӕгты къухфыстты нымӕцы тыххӕй, кӕцытӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕна президенттӕм кандидат", — загъта закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Олеся.

ЦÆК бахаста фæндон сæ нымæц иу минæй фондз мины онг фæфылдæр кæнын. Бирæ уынаффæты фæстæ депутаттæ дæр æмæ ЦÆК-ы уæнгтæ дæр æрцыдысты иумæйаг хъуыдымæ, зæгъгæ, президенттæм кандидаттæ раразмæ кæныны тыххæй хъуамæ æрæмбырд кæной 3, 5 мин æмбæстаджы къухфысттæ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент æмæ ЦÆК бадзырдтой "биноныгдзинады ценз"-ы фæдыл

Адӕмон партийы минӕвӕрттӕ аздӕхтой хъусдард, зӕгъгӕ, кӕд Хуссар Ир дзуры йӕ унификацийыл Уӕрӕсейы закъондӕттынадимӕ, уӕд цӕмӕ цӕуынц карздӕр президенты бынатмӕ кандидаттӕм домӕнтӕ?

"Уӕрӕсейы раздӕр хъуыд ӕрӕмбырд кӕнын 2 милуан къухфысты, фӕлӕ ныр та уыцы нымӕц у ӕрмӕстдӕр 300 мин къухфысты", — банысан кодта партийы лидер Плиты Александр.

ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Бэллӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы ӕмбӕстаг фӕнд кӕны республикӕйы сӕргъ слӕууын, уый хъуамӕ батыхса ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕна ӕмбӕстӕгты ӕмбӕлон бӕрц къухфысттӕ.

"Мах нӕ кастыстӕм Уӕрӕсейы цӕуӕг цаутӕм", — банысан кодта уый.

Хицауады минӕвар парламенты Гобозты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе уыцы хъуыддаджы райста раст скъуыддзаг ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр тагъд ацӕудзӕн ацы дӕнцӕгыл.

"Уӕрӕсе цыд максималон фӕкарздӕр кӕныны фӕндагыл, ныр та цӕуы либерализацийы фӕндагыл. Фидарӕй уын дзурын, мах дӕр уыцы фӕндагыл кӕй ацӕудзыстӕм. Ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕ ӕмдзыд не сты", — загъта уый.

{ъӕлӕсӕппӕрсты рӕстӕджы, депутатты фылдӕр хай хорзыл банымадта барастгӕнинӕгтӕ. Разыдзинад нӕ равдыстой ӕрмӕстдӕр Адӕмон партийы депутаттӕ Плиты Александр ӕмӕ Харебаты Сергей.

Ног хабӕртты лентӕ
0