Премьер-министр: разы нӕ дӕн парламент хицауады куыстӕн цы аргъ скодта, уыимӕ

© Sputnik / Пресс-служба през-та и прав-ва РЮОХицауады сӕрдар
Хицауады сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъуылымбегты Доменти фехъусын кодта, "ахӕм уавӕрты кусын премьер-министры бынаты дарддӕр кӕй нымайы æнæрцæугæ хъуыддагыл".

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Премьер-министр Хъуылымбегты Доменти парламент хицауады куыстӕн цы аргъ радта, уый нымайы тенденциозоныл ӕмӕ 2017 азы президентон ӕвзӕрстытӕм ныхъхъавдимӕ арӕзтыл.

Парламенты депутаттӕ дыццӕджы байхъуыстой 2015 азӕн хицауады архайды фӕдыл хыгъдмӕ ӕмӕ министрты кабинеты куыстӕн радтой æнæзæрдæмæдзæугæ аргъ.

РХИ хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны вице-премьерæй нысан æрцыд Козаты Дмитрий

"Ахӕм архӕйдтытӕн ис бындур — кӕмӕндӕр президентон кампани райдыдта, кӕмӕндӕр йӕхи закъӕттӕ ӕмӕ технологитӕ ис — уыдӕттӕ алкӕмӕндӕр ӕмбӕрстгонд сты. Оппозицион парти йӕ куыст аразы архайгӕ хицауады критикӕйыл. Уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нӕ уыд", — загъта премьер журналисттӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕлхъывдад кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр рӕзгӕ ӕмӕ "ӕвзӕрстыты онг ахӕм архӕйдтытӕ нырма уыдзӕн", уый та уавӕр схӕццӕ кӕндзӕн ӕмӕ ӕркӕндзӕн ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕм.

Премьер ма загъта, историйы мидӕг фыццаг хатт парламент кӕй радта ахӕм аргъ парламенты архайдӕн.

Уый ма загъта, министрты кабинеты ӕмӕ хицауады ӕндӕр къабӕзтӕн дӕр кӕй ис бирӕ проблемӕтӕ, ӕмӕ парламенты раз хицауады хыгъдлӕвӕрд здӕхт уыд уымӕ, цӕмӕй иумӕйаг анализы фӕрцы бацагуырд ӕрцӕуа зиндзинӕдтӕ ӕмӕ къуыхцыдзинӕдтӕ аиуварс кӕныны фӕдыл иумӕйаг фӕндӕгтӕ, кӕцытӕ ӕххӕстгӕнӕн хицауад не мбӕхсы.

"Мах никуы дзырдтам, кӕй нын нӕй, цӕуыл кусӕм ӕмӕ хицауад йӕ фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Ӕз нӕ тӕрсын ахӕм ныхӕстӕй ӕмӕ хицауады куысты фӕдыл ахӕм аръӕн", — загъта Хъуылымбегты Доменти.

Уый банысан кодта, ахӕм уавӕрты, бюджет рӕзт куы цӕуы УФ ӕххуысы руаджы ӕмӕ нӕхи къухтӕ та сты цыбыр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, акцент ӕвӕрд цӕуы Инвестпрограммӕйыл, кӕцы реализаци цӕуы Уӕрӕсеимӕ иумӕ йӕ ӕхцайы фӕрӕзты фӕрцы. Премьеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый у ӕмбӕрстгонд ӕмӕ ӕнӕран сты хицауады ныхмӕ критикон фиппаинӕгтӕ, ома йын Инвестпрограммӕмӕ ис ӕгӕр цымыдис.

"Хыгъды развӕлгъау уынаффӕтӕ парламенты ацыдысты кулуаронӕй — иу комитет дӕр нӕ ′ркаст хыгъдмӕ ӕмӕ нӕ рахаста уынаффӕ архайды аргъӕн. Ничи нӕ фӕхуыдта ницы развӕлгъау уынаффӕтӕм. Нымайын, ахӕм ахсджиаг фарсты фӕдыл ахӕм бацӕуӕн хъуамӕ ма уа, кӕд ӕмӕ нӕ разы ӕвӕрӕм проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕнын",- фехъусын кодта премьер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауады куысты фӕдыл фиппаинӕгтӕ ӕвдыст ӕрцыдысты ӕрмӕст парламенты спикеры раныхасы.

Администрация президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хицауад ӕрбынат кӕндзӕн ног бӕстыхайы

"Ӕз ацы фиппаинӕгтыл не′ сразы дӕн. Уымӕ гӕсгӕ, фарстытӕн сӕ фылдӕрыл ӕз хыгъды рӕстӕджы сдзуапп кодтон, науӕд та депутатты фарстытӕн дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ. Уыдис ахӕм фарстытӕ дӕр, кӕцытӕ хъӕуы скъуыддзаг кӕнын, фӕлӕ алчидӕр иттӕг хорз зоны ӕххӕстбӕрцӕй сын кӕй нӕй аскъуыддзаг кӕнын. Фӕлӕ мах хъахъхъӕнӕм стабилон уавӕр социалон сферӕйы, аразӕм республикӕ. Ацы къабазы хицауад кусы йӕ фадӕттӕм гӕсгӕ", — загъта Хъуылымбегты Доменти.

Хицауады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, "ахӕм уавӕрты кусын премьер-министры бынаты дарддӕр кӕй нымайы æнæрцæугæ хъуыддагыл".

Уый ӕмрӕстӕджы, премьер-министр ницы хъусинаг сарӕзта йӕ бынатӕй ацӕуыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0