Гӕззаты Валерийы кандидатурӕ раразмӕ кодтой УФЦ-ы президенты бынатмӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæГӕззаты Валерий
Гӕззаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
24 сентябры ӕвзӕрст ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы футболон цӕдисы президент. Нырма ацы бынаты ис спорты министр Виталий Мутко.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы футболон тренерты фыдыбӕстӕйон баиугонд раразмӕ кодта Гӕззаты Валерийы кандидатурӕ Уӕрӕсейы футболон цӕдисы (УФЦ) президенты бынатмӕ, хъусын кӕны 15 регион.

24 сентябры ӕвзӕрст ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы футболон цӕдисы президент. Нырма ацы бынаты ис спорты министр Виталий Мутко.

Гӕззаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕззаты Валерий: Ирыстоны футболы тыххӕй стыр бӕллицтӕ баззадысты ивгъуыды

"Нымайӕм, ацы адӕймагӕн кӕй бантысдзӕн ахадгӕ бандавын уӕрӕсейаг футболы рацарӕзтыл, кӕцы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг", — загъта Уӕрӕсейы футболон тренерты фыдыбӕстӕйон баиугонды разамынады сӕрдар Михаил Гершкович.

Гæззаты Валерий лæууыд Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ 2002-2003 азты, уыд "Алания", "Динамо" (Мæскуы), ЦСКА, "Динамо" (Киев) сæйраг тренер. 2012 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы уыд Владимир Путины æууæнчы лæг.

2013 азы иста хайад "Общероссийский народный фронт"-ы бындурæвæрæн съезды.

Ног хабӕртты лентӕ
0