CAS бауагъта Риойы хъӕзтытӕм "допингимӕ историимӕ" спортсменты

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæОлимпиадӕ Рио-де-Жанейройы
Олимпиадӕ  Рио-де-Жанейройы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
CAS схуыдта допингӕй пайда кӕныны критерий ӕнӕквалификацион, зӕгъгӕ, уый нӕ дӕтты фадат спортсментӕн сӕ аххосы презумпци мӕнгӕй равдисын.

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Спортивон арбитражон тӕрхондон (CAS) фехъусын кодта, Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет(ӔОК), допингӕй цы спортсментӕ пайда кодтой, уыдон Рио-де-Жанейройы хъӕзтытӕм ма бауадзыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уымӕн кӕй нӕй барадон бындур.

Вячеслав Битарты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Олимпиаг хъæзтыты цæгатирыстойнаг призертæ райсдзысты фатертæ Дзæуджыхъæуы

24 июлы ӔОК нӕ аиуварс кодта уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды ӕнӕхъӕнӕй — уыцы хъуыддаг скъуыддзаг кӕныны бар радта ӕхсӕнадӕмон спортивон федерацитӕн. Уыимӕ иумӕ, комитет нӕ бауагъта

Хъӕзтытӕм уӕрӕсейаг спортсменты, кӕцытӕн раздӕр уыд проблемӕтӕ допингимӕ.

Спортивон арбитражон тӕрхондон схуыдта допингӕй пайда кӕныны критерий ӕнӕквалификацион, зӕгъгӕ, уый нӕ дӕтты фадат спортсментӕн сӕ аххосы презумпци мӕнгӕй равдисын.

"CAS ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, ӔОК-ы скъуыддзаджы 3 пунктӕн кӕй нӕй законон бындур, уымӕн ӕмӕ ӕлхъивы спортсменты бартӕ рӕстдзинады фӕдыл", — дзырдӕуы CAS-ы релизы.

Раздӕр спортивон юрист Михаил Прокопец фехъусын кодта, CAS, уӕрӕсейаг спорсментӕ Анастасия Карабельщикова ӕмӕ Иван Подшиваловы хъуыддагмӕ ӕркӕсгӕйӕ, аивта ӔОК-ы уагӕвӕрд, кӕцымӕ гӕсгӕ допингӕй пайда кӕныны тыххӕй кӕддӕр цы атлеттӕ баййӕфтой ӕфхӕрд, уыдонӕнӕн нӕй фӕндаг Олимпиадӕмӕ —2016.

Ног хабӕртты лентӕ
0