Ирон дипломаттӕ ӕнтыстджынӕй сархайдтой Сӕрдыгон дипломатон хъӕзтыты

© Пресс-службапосольства РЮО в РФЛетние дипломатические игры
Летние дипломатические игры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы уӕвӕг Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ хуыздӕр фӕстиуджытӕ ерысты фенын кодтой стыр теннис ӕмӕ кӕсаг ахсынӕй.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕвӕг Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ райстой хайад XVIII Сӕрдыгон дипломатон хъӕзтыты, кӕцыты организатор уыд УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, фехъусын кодтой Sputnik минӕварады пресс-службӕйы.

"Минӕварады командӕ бацахста фыццаг бынат стыр теннис ӕмӕ кӕсаг ахсынӕй ерысты", — загътой минӕварады.

Спортивон мадзалы программӕйы ма уыдысты ерыстӕ ӕхсынӕй, футбол, волейбол, баскетбол ӕмӕ лидзынӕй.

Ерысты райстой хайад Уӕрӕсейы аккредитацигонд дипломатон мисситы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0