Рæмонаты Сослан UWW-йы рейтингы схызт фыццаг бынатмæ

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæБорец Сослан Рамонов.
Борец Сослан Рамонов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕбысхӕсты баиугонд дунейы(UWW) августы бæрæггæнæтæм гæсгæ ирон богал у 65 килограммы уæзы иууыл æнтыстджындæр хъӕбысӕйхӕцӕг

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Ирон спортсмен, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сосланы Хъӕбысхӕсты баиугонд дунейы (UWW) рейтингы 65 килограммы уæзы схызт фыццаг бынатмæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады сайт.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы "Хæларады орденæй"

Хъӕбысхӕсты баиугонд дунейы (UWW) 65 килограммы уæзы категорийы августы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыццаг бынтмæ схызт Рæмонаты Сослан. Ирон богалы хъӕбысхӕстӕй специалисттæ ныридæгæн хонынц дунейы иууыл "цырд" хъæбысæйхæцæг

"Хъӕбысхӕсты баиугонд дуне (UWW) ныммыхуыр кодта уæгъдибар стилы хъæбысæйхæцджыты ранæуæггонд рейтинг августы хатдзæгтæм гæсгæ. Йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ 65 килограммы уæзы категориты фыццаг бынатыл ис ирон спортсмен, олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан. Уымæй дарддæр ма, рейтингы лидертæм схызтысты аннæ уæрæсейаг æнтыстджын спортсментæ Абдулрашид Садулаев æмæ Магомедрасул Газимагомедов", — дзырдæуы хъусинаджы.

Награды, подарки, танцы и автографы. Южная Осетия встречала Рамонова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорзӕхтӕ, лӕвӕрттӕ, кӕфтытӕ ӕмӕ автографтӕ. Хуссар Ир фембӕлд йӕ чемпионыл

Ӕртыццӕджы уӕгъдибар стилы хъӕбысӕйхӕцӕг, олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сосланӕн цыт кодтой Цхинвалы. Ирон богал Хуссар Иры хорзæхджын æрцыд уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх —орден Уацамонгӕйӕ. Уымæй размæ та Рæмонаты Сослан хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны майдан "Во славу Осетии"-йæ æмæ Мæскуыйы та Уæрæсейы "Хæларады орден"-æй.

Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы Рио-де —Жанейройы олимпиаг хъæзтыты рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0