Фондз адӕймаджы фӕмард сты, 27 баййӕфтой зиан аварийы Цӕгат Ирыстоны

© SputnikАвария на трассе Владикавказ-Беслан
Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пассажирты ӕхсӕн уыд сывӕллӕттӕ, аварийы бахауджыты фӕхӕццӕ кодтой Дзӕуджыхъӕуы республикон клиникон рынчындонмӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Автобус Мӕскуы — Ереван сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл Цӕгат Ирыстоны "Беслӕн- Дзӕуджыхъӕу" фӕндаджы ӕстӕм километрыл, фондз адӕймаджы фӕмарды сты, 27 баййӕфтой зиан, фехъусын кодтой РИА Новости Цӕгат Ирыстоны уӕвӕг УУМ-ы сӕйраг управленийы.

Зианбаййафджытӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары.

"Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, ныртӕккӕ уал уым ис 14 адӕймаджы, зиан чи нӕ баййӕфта, уыдон", — загъта агентады дзырдӕмбал.

Цӕгат Ирыстоны ФТЦ-ы зианбаййафджыты фӕдыл информаци базонӕн ис "тӕвд хаххӕй", кӕцы бакодта республикон УУМ.

"РЦИ-Аланийы уӕвӕг Уӕрӕсейы УУМ-ы Сӕйраг управленийы баконд ӕрцыд "тӕвд хаххы" телефон, кӕцыйӕ ӕмбӕстӕгтӕн ис фадат райсын информаци фӕндагон-транспортон цауы зианбаййафджыты тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

УУМ-ы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй рынчындӕтты ӕмӕ цауы бынаты кусынц психологтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0