Цæгат Ирыстоны 80 скъолайы сæхгæдтой æхснырсæгæй бахизыны нысанæн

© Sputnik / Денис Гуков /  Ахизын медиабанкмæЭпидемия гриппа
Эпидемия гриппа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карантин уал ахасдзæн иу къуыри, дарддæр специалисттæ кæсдзысты уавæрмæ.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æхснырсæг парахат кæй кæны, уый аххосæй республикæйы 80 скъолайы æрцыдысты æхгæд, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Эпидемия гриппа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр ӕрцыдысты ӕхгӕд карантиныл

Карантин уал ахасдзæн иу къуыри, дарддæр специалисттæ кæсдзысты уавæрмæ. Ныртæккæ фæлхасадон цæстдарды бæрæг кæнынц низы хатт. Мониторинг мæ гæсгæ хауы гонконгаг гриппы хуызмæ, хонынц æй H3N2.

"Нæ кусынц Алагиры районы 4 скъолайы æмæ 7 рæвдауæндоны, Æрыдоны районы 7 скъолайы æмæ 18 рæвдауæндоны, Æрæфы районы 7 скъолайы æмæ 8 рæвдауæндоны дæр. Уавæр хуыздæр у горæтгæрон районы, ам сæхгæдтой 1 скъола 1 рæвдауæндоны та 2 къорды", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уавæр фæкарздæр 18-æм декабрæй фæстæмæ. Республикæйы эпидемиологон æмвæзад схæццæ 90%-мæ, Дзæуджыхъæуы та 98%-мæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0