Дзӕуджыхъӕуы Паддзахадон филармони лӕвар кӕны дыууӕ концерты

Рафыссын
Мадзæлттæ уыдзысты Ногбоны лæвар горæты цæрджытæ.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Ног азы агъоммӕ Дзӕуджыхъӕуы Паддзахадон филармони горæты цæрджытæн балæвар кæндзæн дыууæ концерты, хъусын кӕны 15 регион.

Здание государственной филармонии во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуккаг филармонийы ӕрбайгом куыд нысаниуӕгджын цау

Къуырисæры, 26-æм декабры, филармонийы уыдзæн Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуккаг аивæдты колледжы дирижер Евгений Кирилловы разамындæй оркестры концерт. 27-æм декабры та уыдзæн Паддзахадон филармонийы солистты концерт.

"Ног азы размæ Паддзахадон филармони рæгъмæ рахæсдзæн дыууæ концерты. Мадзæлттæ уыдзысты Ногбоны лæвар горæты цæрджытæн", — хъусын кӕны 15 регион музыкалон уагдоны директор Махъоты Ацæмæзы ныхӕстӕ.

Филармонийы капиталон цалцӕг цыд афӕдзӕй фылдӕр. Уыцы рӕстӕджы аразджытӕ среконструкци кодтой алцыдӕр — фундаментӕй уӕлхӕдзары онг.
Ныртæккæ концертон залы ис 370 бынаты. Фæуæрæхдæр сценæ дæр. Арæзт æрцыдысты уавæртæ, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн дæр. Арæзтадыл цæуы 150 азы. Æппæт куыстытæ дæр арæзт æрцыдысты меценатты æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0