Тедеты Дзамболаты ногæй сфидар кодтой сæйраг тренерæй

Дзамболат Тедеев: Сослан Рамонов боролся за себя и за Бесика Кудухова
Рафыссын
Спорты фадыджы номдзыд ирон специалист Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты командæйы сæргъ лæудзæн суанг 2020 азмӕ - Токиойы Олимпиадӕйы онг.

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонды сæйраг тренерæй фæстæмæ нысан æрцыд Тедеты Дзамболат, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады сайт.

Тедеты Дзамболат ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонды сæйраг тренеры хæстæ æххæстгæнæг

Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацийы æххæстгæнæн комитеты иумæйаг хъæлæсæппæрстæй сарзы сты Тедеты Дзамболаты куысты æмгъуыд адарддæр кæныныл Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонд сæйраг тренерæй. Спорты фадыджы номдзыд ирон специалист куысдзæн ацы бынаты ноджы иу олимпиаг цикл.

Уæгъдибар хъæбысхæцджытæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майдан. Уæлахиздзаутæ систы ирон богал Рæмонаты Сослан æмæ Абдулрашид Садулаев, æвзист майдан Уæрæсейы командæйæн æрхаста Аниуар Гедуев.

Ног хабӕртты лентӕ
0