Хуссарирыстойнаг дипломаттӕ ссардтой Ленинграды блокадӕйы амӕттӕгты нӕмттӕ

© Пресс-служба посольства РЮО в РФВенок от народа Южной Осетии в память жертв блокады Ленинграда
Венок от народа Южной Осетии в память жертв блокады Ленинграда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленинград ссӕрибар кӕныны сӕрыл тохты Ирыстонӕй хайад истой дыууын мин минӕварӕй фылдӕр, уыдонӕй фарастӕн лӕвӕрд ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъайтары ном.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы уӕвӕг РХИ минӕварады кусджытӕ райстой хайад Ленинград фашистон блокадӕйӕ ссӕрибар кӕныныл 73 азы сӕххӕстӕн нывонд фыдохы церемонийы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik сæвæрдта цырт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджытӕн

Ирон адӕмы номӕй республикӕйы минӕвӕрттӕ сӕвӕрдтой венок Пискареваг мемориалон уӕлмӕрды Фыдыбӕстӕйы монументмӕ, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг дипломатон минӕварады пресс-службӕ.

Ленинграды блокадӕ райдыдта 1941 азы 8 сентябры ӕмӕ адард ис 900 боны. Блокадӕйы азты хицӕн ӕмӕ хицӕн ӕзты амардысты 400 мин адӕймагӕй 1,5 милуан адӕймаджы онг.

Ленинградаг, Карелаг ӕмӕ Волховаг фронттыл хӕцыдысты Ирыстоны минӕвӕрттӕй дыууӕ минӕй фылдӕр, уыдонӕй фарастӕн лӕвӕрд ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъайтары бӕрзонд ном.

Невӕйаг зӕххы се ′нусон бынат ссардтой Ирыстонӕй ацӕугӕ 576 адӕймаджы, кӕцытӕ фӕмард сты блокадон Ленинград хъахъхъӕнгӕйӕ. Уыдон ном сӕнусон кӕнынӕн 2003 азы 7 майы Пискареваг мемориалон уӕлмӕрды ӕвӕрд ӕрцыд гранитон плитӕ ахӕм фыстимӕ: "Ирыстонӕй ацӕуджытӕн — блокадон Ленинграды хъахъхъӕнджытӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0