"Мӕлӕты къордты" координаторты ӕрурӕдтой Цӕгат Ирыстоны

Рафыссын
Басгӕрсты фӕлгӕтты полици сбӕлвырд кодта, иууыл бирӕнымӕцдӕр "мӕлӕты къорды" сконды кӕй ис Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕй 700-мӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полици ӕрурӕдта социалон хызӕгты "мӕлӕты къордты" координатортӕй цыппары, хъусын кӕны республикӕйы хицауад.

Сайт хакерской группы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны прокуратурæ домы 100 сайты сӕхгӕнын

"МХМ-ы кусджытӕ ӕрурӕдтой республикӕйы цыппар ӕмбӕстаджы, уыдонӕй дыууӕ ӕнахъомтӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой координаторты роль "мӕлӕты къордты" — уыдон ӕрвыстой смс-тӕ сӕ зонгӕтӕм, цӕмӕй ӕрбамбал уой хъазтмӕ. Фыдвӕндгӕнджытӕ сӕ ми бамбарын кодтой, ома сӕ фӕндыд ахынджылӕг кӕнын се ′мгӕртты", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Басгӕрсты фӕлгӕтты полици сбӕлвырд кодта, иууыл бирӔӕнымӕцдӕр "мӕлӕты къорды" сконды кӕй ис Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕй 700-мӕ ӕввахс.

Хицауады зонӕнтӕм гӕсгӕ, 2015 азы цӕгатирыстойнаг ӕнахъомтӕй астӕй бафӕлвӕрдтой хи амарын, уыдонӕй цыппар амард.
2016 азы ахӕм фӕлвӕрдтытӕ уыдысты ӕхсӕз, уыдонӕй иу дӕр кӕронмӕ ӕххӕст не ′рцыд.

"Ацы къахдзӕф саразынмӕ сывӕллӕтты басхойынц алыгъуызон аххосӕгтӕ, уыдон ӕхсӕн бинонтимӕ конфликттӕ, фӕлварӕнтӕ раттыныл мӕт, "ӕнамон уарзт" ӕмӕ афтӕ дарддӕр", — банысан кодтой хицауады.

Уыимӕ иумӕ, Цӕгат Ирыстоны районтӕн психологты штаттӕ хицӕн цӕуынц къаддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0