Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын ИНО-йы Виталий Чуркин

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦветы у здания МИД РФ в связи с кончиной постпреда России при ООН В.Чуркина
Цветы у здания МИД РФ в связи с кончиной постпреда России при ООН В.Чуркина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ уӕрӕсейаг политик амард йӕ куысты уӕлхъус, йӕ 65 азы юбилеййӕ иу бон раздӕр

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркин амард Нью-Йоркы, фехъусын кодта УФ ФХМ сайт къуырисӕры.

"Уӕрӕсейы ФХМ стыр хъыгимӕ хъусын кӕны, 29 февралы, йӕ юбилеййӕ иу бон раздӕр, йӕ цардӕй кӕй ахицӕн Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркин. Зынгӕ уӕрӕсейаг политик амард йӕ куысты уӕлхъус. Тӕфӕрфӕс кӕнӕм Виталий Иваны фырт Чуркины хиуӕттӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организаций. Хорзӕхджын уыд Кады орден ӕмӕ IV къӕпхӕны орден "За заслуги перед Отечеством"- ӕй.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0