Цхинвалы гӕнӕн ис ӕмӕ фӕзына Виталий Чуркины уынг

Рафыссын
Цхинвалы цӕрджытӕ ӕнхъарынц Виталий Чуркины ном сӕнусон кӕнын, Хуссар Иры сӕйраг сахары уынгтӕй иуӕн йӕ ном ратгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Цхинвалы цӕрджытӕ ӕнхъарынц Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркины ном сӕнусон кӕнын Цхинвалы, сахары уынгтӕй иуӕн йӕ ном ратгӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Зынгӕ уӕрӕсейаг дипломат йӕ цардӕй ахицӕн 20 февралы, йӕ куысты уӕлхъус, йӕ 65 азы юбилейӕ иу бон раздӕр. Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы. Хорзӕхджын уыд Кады орден ӕмӕ IV къӕпхӕны орден "За заслуги перед Отечеством"- ӕй.

"Ирӕттӕ йӕ нымайынц сӕ хъахъхъӕнӕгыл, мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм, Виталий Иваны фырт Иугонд нациты организацийы куыд тох кодта нӕ паддзахады сӕрыл, Уӕрӕсе нын нӕ хӕдбардзинад куы банымадта, уый фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ ном сӕнусон кӕныны хъӕппӕрис — ӕмбарӕм, диссаг уаид нӕ адӕм куы ферох кодтаиккой йӕ лӕггӕдтӕ", — загъта парламенты сӕрдар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарсты фӕдыл ацӕудзысты ӕхсӕнадон байхъуыстытӕ, парламенты йыл куы ӕруынаффӕ кӕной, уый фӕстӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0