Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ претендент йӕхи аиуварс кодта ӕвзӕрстагъоммӕ дугътӕй

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ӕвзӕрстытӕ
Хуссар Иры ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Анатолийы раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорды ӕмбырд уагъд не ′рцыд, претендент фехъусын кодта ЦӔК-ӕн кӕй исы йӕ кандидатурӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Джиоты Анатолий, кӕцы ивгъуыд къуыри фехъусын кодта йӕ президентон амбициты тыххӕй, нӕ райсдзӕн хайад президентон кампанийы, загътой Sputnik Хуссар Ирыстоны ЦӔК-ы пресс-службӕйы.

Дыццӕджы Цхинвалы хъуамӕ уагъд ӕрцыдаид Джиоты Анатолийы раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорды ӕмбырд. Фӕлӕ фембӕлдмӕ ӕрбацӕуӕг журналисттӕ Профцӕдисты залы никӕй ӕрбаййӕфтой.

"Джиоты Анатолий раздӕр бон фехъусын кодта ЦӔК-ӕн, кӕй иуварс кӕны йӕхи президентон дугътӕй", — загътой Централон ӕвзарӕн къамисы.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕбӕрӕг Хуссар Иры президенты бынатмӕ ноджы иу кандидат

Джиоты Анатолий ма фӕлвӕрдта президенты бынатмӕ бацӕуын 2012 азы, фӕлӕ нӕ ахыз паддзахадон ӕвзӕгтӕ зонынады фӕлварӕн.
Уымӕй раздӕр ма ноджы иу претендент Гаглойты Хох систа йӕ кандидатурӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ ӕрӕмбырд кодта инициативон къорды ӕмбырд ауадзынӕн фаг адӕмы нымӕц.

Абоны онг уал, республикӕйы сӕйраг постмӕ ис авд претенденты — архайгӕ ӕмӕ раздӕры президент Тыбылты Леонид ӕмӕ Кокойты Эдуард, парламенты спикер Бибылты Анатолий, ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан, амалиуӕггӕнӕг Багаты Амиран, депутат Къозонты Алан ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Гӕбӕраты Нар.

Ног хабӕртты лентӕ
0