УФ ФХМ: Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры банымады асидты тыххӕй хъусинӕгтӕ сты спекуляцитӕ

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæЗдание Министерства иностранных дел Российской Федерации
Здание Министерства иностранных дел Российской Федерации - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Григорий Карасин фехъусын кодта, УФ-йы ‘рдыгӕй банымад асидты фӕдыл хъусинӕгтӕ сты Уӕрӕсемӕ ӕууӕнк фесафыны гуымир фӕлвӕрдтытӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы ФХМ сарӕзта комментарий УФ-имӕ ахастыты фарсты фӕдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Зураб Абашидзейы уынаффӕйӕн Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕдыл, уый спекуляци рахонгӕйӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

УФ ФХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг, статс- секретарь Григорий Карасин банысан кодта, Уӕрӕсейы позици республикӕты суверенитеты фӕдыл кӕй уыд ӕмӕ у ӕнӕаивгӕ.

Официальный представитель министерства иностранных дел России Мария Захарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе рӕстагыл нымайы Хуссар Иры позици йӕ территорийыл транзиты фӕдыл

Раздӕр, УФ-имӕ ахастыты фарстыты фӕдыл Гуырдзыстоны премьер-министры сӕрмагонд минӕвар Зураб Абашидзе фехъусын кодта, Уӕрӕсе абонӕй сомӕй кӕй асиддзӕн Абхазы банымад.

"Ӕцӕгӕй дӕр, ахӕм спекуляцитӕ рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ фӕзынынц. Цӕуыл бындуриуӕг кӕнынц, уый зын бамбарӕн у. Ӕвӕццӕгӕн, дзырд цӕуы Уӕрӕсемӕ ӕууӕнк фесафыны гуымир фӕлвӕрдтытыл", — загъта Карасин журналисттӕн.

УФ ФХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг банысан кодта, "Республикӕ Абхаз ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон кӕй сты хӕдбар паддзахӕдтӕ, кӕцытимӕ Уӕрӕсейы Федерацийы иу кӕнынц хӕларадон ӕмӕ ӕмцӕдисадон ахастытӕ".

"Махӕн ацы позици уыд ӕмӕ у фидар. Курӕг уӕ стӕм, уый бахъуыды кӕнут ӕнустӕм", — бафтыдта Карасин.

Ног хабӕртты лентӕ
0