Транскам у ӕхгӕд зӕйты тыххӕй

© Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам у ӕхгӕд зӕйтӕ кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕй
Транскам у ӕхгӕд  зӕйтӕ кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕйтӕ ӕрцыдысты Транскавказаг автомагистралы хуссар хайыл

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Болататы Алина. Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ цы иунӕг фӕндаг иу кӕны, ууыл змӕлд у ӕхгӕд 12:40 сахатӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службӕ.

На заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сыгъдæг кæнынц зæйтæй

"Транскам у ӕхгӕд 12:40 сахатӕй, Хуссар Ирыстоны зӕйтӕ кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны УУМ-ы радгӕсон хайады банысан кодтой, зӕйтӕ кӕй ӕрцыдысты Рукъы.

"Рукъы хъӕумӕ ӕввахс ӕрцыд цалдӕр зӕйы. Уыдон ныртӕккӕ сыгъдӕг кӕнынц. Бӕрнон службӕты ныфс ис, автотранспортон змӕлдӕн фӕндаг кӕй байгом уыдзӕн 15:00 сахатмӕ", — загъта радгӕсон офицер.

Транскавказаг автомагистраль цӕуы уӕлхохых ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0