Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн Хуссар Иры баулӕфдзысты иу бон

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæСылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон
Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон 2017 азы ӕрхауд ӕртыццӕгмӕ, ацы бон Хуссар Ирыстоны уыдзӕн улӕфт бон

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон баулӕфдзӕн сылгоймӕгты бӕрӕгбоны цытӕн, 8 март расидт ӕрцыд улӕфт бонӕй, фехъусын кодтой Sputnik РХИ хицауады аппараты.

"2017 азӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндармӕ гӕсгӕ, Ӕхсӕнадӕмон сылгоймӕгты боны — 8 марты цытӕн, ӕртыццӕг, уыдзӕн улӕфт бон",- загъта хицаады аппараты сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег.

Ногазон бӕрӕгбонон бонтӕй цалдӕр кӕй ӕрхаудтой улӕфт бонтӕм, уый тыххӕй хуыцаубон, 1 январь ахаст ӕрцыд 24 февральмӕ, майрӕмбонмӕ. 7 январы бӕсты та (ӕрхаудта сабатмӕ) цӕрджытӕ баулӕфдзысты 8 майы, Уӕлахизы боны размӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0