Чуркины идӕдзӕн радтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр хорзӕх – орден Уацамонгӕ

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Чуркины идӕдзӕн радтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр хорзӕх – орден Уацамонгӕ
Чуркины идӕдзӕн радтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр хорзӕх – орден Уацамонгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Орден раттыны церемони уагъд ӕрцыд Мӕскуыйы дыццӕджы, Хуссар Ирыстоны минӕварады

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркин йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд орден Уацамонгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæх Чуркины идӕдз райста Хуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыры къухӕй, фыссы дыццӕджы РИА Новости.

Цветы у здания МИД РФ в связи с кончиной постпреда России при ООН В.Чуркина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын ИНО-йы Виталий Чуркин

Зынгӕ уӕрӕсейаг дипломат йӕ цардӕй ахицӕн йӕ куысты уӕлхъус 20 февралы, йӕ 65 азы юбилейӕ иу бон раздӕр. Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕнынц йæ лæггæдтӕн нæ паддзахад æмæ нæ адæмы раз, уый фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ куыста нæ сæрибардзинады оххыл, дунейы æмæхсæнадмæ хъусын кодта рæстдзинад Хуссар Ирыстоны 2008 азы цауты фæдыл. Республикӕйы президент Тыбылты Леонид рахаста фӕндон Чуркины йӕ амӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кӕнын, парламенты та ӕруынаффӕ кодтой Цхинвалы уынгтӕй иуӕн Чуркины ном раттыны фадатыл.

Орден раттыны церемони уагъд ӕрцыд Мӕскуыйы республикӕйы минӕварады. Хуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыр Тыбылты Леониды номӕй ратта орден Чуркины идӕдз Иринайӕн.

"Абон, ӕз ӕххӕст кӕнын Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды бахӕсгонд мисси — Виталий Иваны фырт Чуркины орден Уацамонгӕйӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кӕныны фӕдыл указ раттын. 2008 азы… Цхинвал куы ныппырх, уӕд махӕн фӕсарӕнты уыд хӕцӕг — Виталий Чуркин, кӕцы цадӕггай ӕмӕ иуварсонӕй хъахъхъӕдта Ирыстоны кад", — загъта минӕвар.

Уый сӕрмагондӕй йӕхи номӕй дӕр загъта бузныг Иринайӕн, ацы конфликт ӕрбӕстон кӕныны хъуыддагмӕ Чуркин цы хайбавӕрд бахаста, уый тыххӕй ӕмӕ фехъусын кодта, республикӕйы хицӕуттӕ кӕй нывӕндынц уынгтӕй иуӕн Чуркины ном раттын.

Виталий Чуркин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы гӕнӕн ис ӕмӕ фӕзына Виталий Чуркины уынг

Раздӕр парламенты спикер Бибылты Анатолий фехъусын кодта, закондӕттӕн орган кӕй ӕркӕсдзӕн Чуркины ном Цхинвалы уынгтӕй иуӕн раттыны фарстмӕ.

Орден "Уацамонгӕ" у Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх. Уый лӕвӕрд цӕуы хӕстон рӕстӕджыты хъӕбатырдзинад равдисыны ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтӕ саразыны тыххӕй, афтӕ ма хӕсты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. 2008 азы августы кӕрон та Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны раздӕры ӕндӕр автономи — Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0