Бибылты Анатолий æмæ Гаглойты Алан: куыд сæндидзын кæнæм хъæу

© SputnikКандидатты теледебаттæ
Кандидатты теледебаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенттæм кандидаттæ Бибылты Анатолий æмæ Гаглойты Алан теледебатты рæстæджы сразы сты иумæйаг хъуыдыйыл, хъæууон хæдзарады кæй хъæуы паддзахадон æххуыс æмæ уынаффæ кодтой проблемæ аскъуыддзаг кæныны фадæттыл

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. ПТРК "Ир"-ы эфиры дыццæджы ацыдысты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидатты æвзæрстагъоммæ дебаттæ, кæцытæ раргом кодтой, цæй мидæг уынынц хъæууон хæдзарады размæцыд.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Хуссар Иры президенты бынатыл стох кӕндзысты ӕртӕ кандидаты

Дебатты хайад истой дыууæ кандидаты — Бибылты Анатолий æмæ Гаглойты Алан, уымæн æмæ президент Тыбылты Леонид ис кусæгон балцы Уæрæсейы, цы ран дыццæджы фембæлд уæрæсейаг президент Владимир Путинимæ.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, æнæ хъæууон хæдзарадæй Хуссар Ирыстоны экономикæйыл кæй нæй схæцæн, уый тыххæй та хъæуы аздахын хъусдард хъæумæ.

"Фермерты хъæуы паддзахадон æххуыс. Уыдонæн хъуамæ уа фадæттæ исын кредиттæ æнæ бæрзонд проценттæй, цæмæй сæ бон уа уыдоны фиддонтæ фидын", — хъуыды кæны Бибылты Анатолий.

высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы фондз хъæу ифтонг æрцыдысты нуазыны донæй

Уый банысан кодта, хъæууон хæдзарады райрæзты тыххæй кæй хъæуы саразын хъæууон хæдзарадон банк, Уæрæсейы куыд у, афтæ бакæнын дуканитæ алы районæн дæр бынæттон хъæууон хæдзарады продукцийы реализацийæн, саразын уавæртæ хъæуты цæрæг æрыгон бинонтæн, саразын агросæудæджерадон комплекс, рæстæгмæ айсын зæххы фæдыл хъалон æмæ адæмы бауадзын зæхх кусын.

Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарады проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы ауадзын хъæууон-хæдзарадон сфыст, кæцы уагъд нæ уыд советон дугæй.

"Мах æмбарæм, ацы къабазы кæй ис бирæ проблемæтæ, фæлæ уавæр лæмбынæгæй нырма ахуыр не ′рцыд. Уыдæттæ иууылдæр хъæуы сбæлвырд кæнын æмæ дарддæр къахдзæфтæ аразын. Адæмы фæнды кусын — фæсивæд дæр æмæ хистæр кары адæм дæр. Фæлæ кусынæн хъæуы зæхх. Махмæ та у афтæ æмæ алы зæххы гæбаз дæр у кæйдæр, афтæмæй та ацы фадгуытæ лæууынц дзæгъæлы", — загъта уый.

Дебатты модераторы фарстæн, ома фидæны хицауады хъæууон хæдзарады министрæй кæй снысан кæниккой, иу кандидат дæр нæ ратта комкоммæ дзуапп. Дыууæ дæр æрмæст банысан кодтой, алы чиновник дæр æрмæст бынæттон цæрæг кæй ма хъуамæ уа, фæлæ ма профессионал дæр.

Ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ референдум Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0