Битарты Вячеслав бахатыд Медведевмæ Беслæны зианбаййафджытæн цæрæнуатæй баххуыс кæнынмæ

© Sputnik / Екатерина Штукина /  Ахизын медиабанкмæБитарты Вячеслав æмæ Дмитрий Медведев
Битарты Вячеслав æмæ Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абоны онг 200 раздæры беслайнаг амæттæгтæ æнхъæлмæ кæсынц хæдзæрттæ райсынмæ

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлды УФ премьер-министр Дмитрий Медведевимæ. Уынаффæты темæтæй иу ссис 2004 азы горæт Беслæны №1-æм скъолайы террористон акты зианбаййафджыты цæрæнауæттæй сифтонг кæныны проблемæ.

Встреча с Матерями Беслана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындзæн Беслæны амæттæгтæн нывонд цад

Сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй абоны бон ис 200 адæймагмæ æввахс, кæцытæ нæ бацыдысты хæдзæрттæ райсыны фæдыл фыццаградон номхыгъдмæ, фæлæ кæцытæн Ӕхсæнведомствæйон къамисы скъуыддзагмæ гæсгæ ис ахæм бар.

"Стыр дотациондзинад æмæ бæрзонд æфстауы уæргъы аххосæй республикæйæн нæй фадат ацы æмбæстæгтæн цæрæнуат рахицæн кæнын", — хъусын кæны регионы сæргълæууæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Премьер-министр бахæс кодта ацы фарстыл ногæй бакусын.

Ног хабӕртты лентӕ
0