Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстон карзæй æфхæры теракт питераг метройы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæЦветы в память о погибших в метро Санкт–Петербурга
Цветы в память о погибших в метро Санкт–Петербурга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ Санкт-Петербурджы теракты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон карзæй азым кæны террористты архайд, кæцытæ сты аххосджын Санкт-Петербурджы метройы срæмыгъды, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид, кæцыйы ныхæстæ хъусын кæны йæ пресс-службæ.

"Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын Дæуæн, фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæм нæ тæфæрфæсы ныхæстæ ацы æбуалгъ трагедийы фæдыл", — дзырдæуы Тыбылты Леониды тæфæрфæсы телы УФ президент Владимир Путинмæ.

Тыбылты Леонид бахахх кодта, республикæйы "ныфс кæй ис æмæ ацы карз æмæ æбуалгъ фыдракæнды фæстæ чи ис, уый кæй баййафдзæн карз æфхæрд".

Къуырисæры, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Официалон æгъдауæй фехъусын кодтой 10 фæмардуæвæг æмæ 37 цæфы тыххæй. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.

Ног хабӕртты лентӕ
0