Путин сратификаци кодта Хуссар Иримӕ пенсион бадзырд

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин
Президент РФ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд фадат ратдзæн Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон пенсион ифтонгад фæбæрзонддæр кæнын ЦКФЗ-ы æмвæзады онг

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Тыбылты Леонид бафыста закон Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады тыххӕй бадзырд сратификаци кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

Заседание Совета Федерации РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Федсовет сразы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн пенсийы фæфылдæрыл

"Ратификаци ӕрцӕуӕд Бадзырд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ӕдзух РХИ территорийыл цы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ цӕрынц, уыдон пенсион ифтонгады фӕдыл, кӕцы бафыст ӕрцыд Мӕскуыйы 25 ноябры 2016 азы", — дзырдӕуы законы тексты, кӕцы мыхуыр ис барадон информацийы официалон интернет-порталыл.

Бадзырд æндавы Уæрæсейаг æмбæстæгтыл, кæцытæ иудадзыгæй цæрынц Хуссар Ирыстоны. Уыимæ иумæ уыдонæн æмрæстæджы хъуамæ ма уа регистраци Уæрæсейы территорийыл. Фиддонтæ иууылдæр фыст цæудзысты Уæрæсейы закæттæм гæсгæ.

Разыдзинад фадат ратдзæн Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон пенсион ифтонгад фæбæрзонддæр кæнын ЦКФЗ-ы æмвæзады онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0