Питераг метройы фӕцӕфуӕвæг Хаситы Виталийы уавæр у стабилон

© Sputnik / Анна Волкова /  Ахизын медиабанкмæВзрыв в метро в Санкт-Петербурге
Взрыв в метро в Санкт-Петербурге - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сенатор Тотоонты Александр фæдзырдта теракты зианбаййафæг æмзæххонмæ æмæ йын фадат куыддæр фæуа, афтæ атæхдзæн Петербургмæ

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хаситы Виталий Ирыстонæй райста цæфтæ Санкт-Петербурджы метройы срæмыгъды, йæ хъысмæтмæ йын уайтагъд бацымыдис кодта Федерацийы советы уæнг, загъта Sputnik сенаторы æххуысгæнæг Екатерина Толасова.

"Зноны теракты питераг метройы зиан баййæфта не ‘мзæххон Хаситы Виталий. Федерацийы советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Тотоонты Александр фæдзырдта зианбаййафæджы бинонтæм. Сенаторæн йæ фырт Виктор куыд радзырдта, афтæмæй Виталий уыд срæмыгъды бынатæй æртæ метры дæрддзæф", — радзырдта Толасова.

Хаситы Виталий аирвæзт серьезон цæфтæй, фæлæ райста бирæнымæц сыгъдтæ, уый ис рынчындоны, йæ уавæрæн ын аргъ кæнынц, куыд стабилон.

Цветы в память о погибших в метро Санкт–Петербурга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстон карзæй æфхæры теракт питераг метройы

"Тотоонты Александр фехъусын кодта зианбаййафæджы фыртæн, фадат ын куыддæр фæзына, афтæ кæй бабæрæг кæндзæн Виталийы æмæ ныууагъта йæ телефон оперативон бастдзинадæн. Сенатор ма бахатыд Федерацийы Советы уæнгмæ Санкт-Петербургæй Андрей Кутеповмæ, цæмæй йæ хъусдард аздаха Виталимæ, афтæ ма йын уайтагъд фехъусын кæной, исты æххуыс æй куы бахъæуа, уæд", — загъта сенаторы æххуысгæнæг.

Александр ма бахатыд Санкт-Петербурджы ирон диаспорæйы минæвæрттæм, цæмæй Хаситы Виталиимæ уавæр дарой сæ контролы бын æмæ йæ ма ныууадзой æнæ хъусдардæй.

Къуырисæры, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Официалон æгъдауæй фехъусын кодтой 10 фæмардуæвæг æмæ 37 цæфы тыххæй. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.

Ног хабӕртты лентӕ
0